Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæтæй сывæллæттæ бабæрæг кодтой космонавтикæйы скъола
Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæтæй сывæллæттæ бабæрæг кодтой Къомайты Русланы номыл космонавтикæйы скъола. Адæймаг космосмæ цы технологиты фæрцы бафтыд, уыдоны райрæзты тыххæй базыдтой 20 лæппу æмæ чызджы. Ныртæккæ æрбынат кодтой санаторий "Юность"-ы. Планетарийы æвзонг уазджытæн радзырдтой Зæххы къорийы фыццаг аразгæ æмбæлццæтты æмæ хæдтæхджыты тыххæй. Экскурси сарæзта Дзæуджыхъæуы администрацийы Нациты 'хсæн ахастдзинæдты хайад Адæмты хæлардзинады хæдзаримæ иумæ. Фæсивæд куыд загътой, афтæмæй сæхицæн раргом кодтой Дун-дунейы ног æууæлтæ. Бирæтæ сфæнд кодтой космосон тыгъдад басгарын.