Хъахъхъæнынмæ цæттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Хуссар æфсæддон зылды 58-æм æфсады бастдзинады хайады службæгæнджытæ ард бахордтой. Ацы мадзал æфсады у тæккæ ахсджиагдæр. Æфсæддонтæ, сæ къухты хæцæнгæрзтæ афтæмæй, ард бахордтой Фыдыбæстæйы раз сæ хæс æнтысджынæй кæй æххæст кæндзысты, кад æмæ намысимæ кæй службæ кæндзысты æмæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ цæттæ кæй сты, уый тыххæй. Кадджын мадзалы архайдтой республикæйы ветеранты советы минæвæрттæ, авиацийы инæлар-майор Къаболаты Солтан. Æфсæддонты фарсмæ æрбалæууыдысты сæ ныййарджытæ æмæ æмбæлттæ. Ардхæрды фæстæ æрыгон лæппутæн райдайдзысты сæрмагонд ахуыртæ, амондзысты сын хæцæнгарзимæ æмæ æфсæддон техникæйæ куыд пайда кæнын хъæуы, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Хъахъхъæнынмæ цæттæ

Категория:

Новости и СМИ