Олег Белавенцев бабæрæг кодта моладзандон
Фæстæдæр Олег Белавенцев æмæ Битарты Вячеслав бабæрæг кодтой нæлгоймæгты алайнаг моладзандон. Бæрнон адæймæгтæ федтой бæстыхæйттæ. Ныртæккæ ног арæзт аргъуаны къултыл æмæ йæ царыл специалисттæ ныв кæнынц дзуæртты сурæттæ. Уыцы куыст кæнын райдыдтой ацы аз. Нывтæ конд уыдзысты византиаг дæнцæгтæм гæсгæ. Аргъуаны фæзуат иу мин фондз сæдæ квадратон метрæй фылдæр кæй у, уый тыххæй дзы куыстытæ ахæсдзысты афæдзæй фылдæр. Олег БелАвенцевæн радзырдтой моладзандоны равзæрды тыххæй. Куы йæ арæзтой, уæд специалистты раз хæс æвæрд уыди бæстыхай рагалайнаг арæзтады хуызæгмæ гæсгæ самайын. Битарты Вячеслав уазæгæн радзырдта, аргъуаны сыгъдæг дзуæртты нывтæ цы къулыл фидаргонд сты, уый ирыстойнаг доломитæй конд кæй æрцыд. Дуæрттæ ралыг кодтой тæрс бæласы хъæдæй. Æххæстбарджын минæвар фысымтæм цымыдисæй байхъуыста. Моладзандонæн та балæвар кодта сыгъдæг къниаз Владимиры ныв. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Олег Белавенцев бабæрæг кодта моладзандон
Категория:
Новости и СМИ