Тæссаг фатертæ
Къæрныхтæ, наркомантæ, нозтджын адæм... Тельмæны уынгыл кæй нæ фендзынæ иу ахæм нæй. Кæлæддзаг хæдзæрттæ сывæллæты дæр сæхимæ æлвасынц. Уæдæ хистæр кары адæмæн дæр ацы хæдзæртты рæзты ауайын зын у. Алы бон ардæм цæуынц згъæр агур. Сыхаг хæдзæртты цæрджыты уавæр куыд нæ тыхсын кæны. Хæдзæртты рæзты бырон æмæ тæфæй ацæуæнтæ нæй, уый сæ цардæн æмæ се нæниздзинадæн дæр у зиан. Администраци уавæрмæ афтæ цас кæсдзæн, æви фарста аиуварс кæнынмæ февналдзысты? Уымæн дзуаппагурæг абалц не сфæлдыстадон къорд. Хæзнатæ агурджытæ Тельмæны уынджы фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Уæдæ ацы диссаджы нывмæ кæсгæйæ, давджыты тыххæй цаутæ аргъæуттæ сты, уый никæй уал бауырндзæн. Хъуыддаг афтæ у,æмæ ацы дыууæ бирæуæладзыгон хæдзары цалдæр мæйы размæ æдзæллагæй аззадысты. Банамадтой сæ кæлæццæгтыл. Цæрджытæн та сæрмагонд программæмæ гæсгæ радтой ног фатертæ. Афтæмæй ацы хæдзæрттæ рохуаты аззадысты. Фæлæ се ппæтæй нæ. Давджытæ сæм къахихсыд баисты. Цæуыл хæст кодтой,уый фæхастой: хæдзары дзаума, хæдзары техникæ, суанг ма дуары хæцæнтæ дæр. Хæстæг хæдзæртты цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, æрмæст уыцы дыууæ хæдзары сæ фаг нал кодтой, сыхаг хæдзæрттæм дæр бырыдысты. Цалдæр мæйы рацыд, хæссинæгтæ фесты, фæлæ ма уæддæр бынæттон цæрджыты ныхæстæ ницæмæ даргæйæ, давджытæ ардæм дæсгæйттæй цæуынц. Гаглоев Марат: «Æппæт ацы бырон сæ балкъонтæй раппарынц.Искæй сæрыл æрхаудзæн, уый дæр сæ нæ тыхсын кæны.Гæрæнтæ дзы нæй, нæдæр лентытæТельмæны уынджы фæндаг дæр хуыздæр нæу, фæлæ уым лент дæр фæзынд.Ам та нæ.Мæнæн ис сывæллон, уæвгæ ам бирæ сывæллæттæ ис.Кæм тезгъо кæной,уый сын нæй.Æддæмæ дæр сæ нæ уадзæм,тæрсæм исты сыл куы æрцæуа, уымæй». Сыхаг бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæ куыд дзурынц,афтæмæй,ам цæрын зындонау у. Уый канд быроны тыххæй нæу. Боныгон ардæм давджытæ цæуынц,изæрыгон та дзы наркомантæ æмæ æнæ хæдзарæй чи баззад, ахæмтæ æмбырд кæнынц. Хæдзæрттæм æнцонтæй бахауæн ис. Уый дæр ма ницы, фæлæ ам алы бон дæр сывæллæттæ сæ уæгъд рæстæг æрвитынц. Æнæ цæстдардæй цы хæдзæрттæ баззадысты,уыдон сывæллæтты сæхимæ æлвасынц. Æппынæдзух ам хъазынц. Хъыгагæн сæ хъæзтытæ фыдбылызмæ дæр расайдтой. Æрæджы ам иу гыццыл лæппуйæн йæ буары 30% проценты басыгъд, бахауд реанимацимæ. Куыд ис гæнæн æмæ фатертæ афтæ фæдавой.Гæрæнтæ дæр дзы не скодтой.Кæд федтой афтæ?Сывæллæттæ дзы гæппытæ кæнынц.Æз ныртæккæ цæуын мæ хъæбулы хъæбулмæ реанимацимæ, абон ын фæндзæм операци скодтой. Ам лентытæй куы сæхгæдтаиккой,уæд дзы ахæм фыдбылыз дæр не`рцыдаид. Бæллæхтæ ууыл нæ фесты.Хæдзæрттæ доны бын фесты. Давджытæ ма доны хæтæлтæ дæр рафтыдтой æмæ сæ ахастой.Уымæн цæрджытæ сæхæдæг æвдисæн уыдысты. Дон кæдмæ кæлдзæн афтæ, уымæн ничи ницы хоны. Уæдмæ уал дон æхсæрдзæнау кæлы....пъадвалмæ. Ахæм уавæр мæйæ фылдæр ис. аварион службæтæ та хъуыддагмæ куыд фæндыйы цæстæй кæсынц.Ссæдз хаттæй фылдæр сæм фæсидтысты. фæлæ ницы. Хъаст кодтой бынæттон администрацимæ, разамынддæттæг компанимæ, нæ горæты администрацимæ. дыууæ къуыримæ фарста лыггонд кæй æрцæудзæн, уымæй сын зæрдæ бавæрдтой. Уæдæй рацыд 6 мæйы. Сæхи раст кæнынц,æхцайы фæрæзтæ сæм нæй, зæгъгæ. Ам та ма сæвзæры иу фарста - кæмæндæр хардзгонд доны алы литр дæр нымайынц, ам та дон парахатæй кæлы, фæлæ йæ коммуналон службæтæ нæ уынынц. Умар Губаев: «Нæ бон куыд у ,афтæ фарста иуварс кæнæм, скодтам лентытæй гæрæнтæ.Ныр та нæ фæнды бындурон гææнтæ скæнын, Уый та нæм æхца куы фæзына,уæд». Уынджы æрдыгæй сæрмагонд лентæй æрæхгæдтой.Фæлæ давджытæй ,наркомантæй æмæ нозтджын адæмæй бахъахъхъæндзæн, сывæллæтты та фыдбылызæй бахиздзæн, уый дызæрдыккаг у.Уæдæ адæмæн сæ бон сæ хæдзæртты æдасæй цæрын дæр бауыдзæн, уый дæр хъуыдыйаг у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Тæссаг фатертæ
Категория:
Новости и СМИ