Мæскуыйы дæр абон райдыдта æфсæддон тæрхондоны æмбырд Гаджиты Асланы хъуыддаджы фæдыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Афтæ ма Мæскуыйы дæр абон райдыдта æфсæддон тæрхондоны æмбырд Гаджиты Асланы хъуыддаджы фæдыл. Адæм æй зонынц йæ фæсномыгæй - Джако, зæгъгæ. Информацион агентад "Интерфакс" куыд хъусын кæны, афтæмæй азымджынты къæлæтджынты `рбадтысты 12 фыдгæнæджы. Се `ппæты дæр Мæскуымæ аластой Дзæуджыхъæуæй, Уæрæсейы Сæйраг тæрхондон ахæм уынаффæ куы рахаста, уый фæстæ. Дарынц сæ Мæскуыйы ахæстæттæй æхсæзы. Раздæр фыдгæнджытæ сæхицæн домдтой, цæмæй сын сæ хъысмæты тыххæй уынаффæ рахæссой ардбахæрæг æхсæнадон тæрхонгæнджытæ. Фæлæ абон тæрхондоны пресс-секретарь Ирина Жирнова куыд фехъусын кодта, афтæмæй азымджынтæ сæ фæнд аивтой. Раздæры хъусынгæнинæгтæй йæ зонут, азымы сæ цы хъуыддæгтæй дарынц, уый. Сарæзтой фыдгæнджыты къорд, мардтой адæмы æххуырст уæвгæйæ, давтой адæмы, цæмæй сын се суæгъд кæныны тыххæй бафидой, стæй ма хастой æндæр фыдбылызтæ дæр. Уыимæ, Слестгæнæн комитеты хъусынгæнинагмæ гæсгæ, лæгмарты къорд йæ тугуарæн митæ кодта канд Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ ма Мæскуыйы дæр. Сæ фæдыл сын куы бамбæлдысты, уæд сæ сæртæ бафснайыны фæнд кодтой фæсарæнты. Фæлæ сæ бирæ рæстæджы фæстæ уæддæр Уæрæсемæ æрбаластой. Иу ма дзы ис Бельгийы, йе `рбахæцц кæныныл ныртæккæ кусынц. Фæнысан ма кæндзыстæм уый, æмæ фыдгæнджыты къорды 25 уæнгæн ныридæгæн тæрхон рахастой. Асты дзы амардтой, æрцахсынмæ сæ куыд хъавыдысты, афтæ. 9 дзы сты агуринаг. Къорды разамонæг Гаджиты Аслан æмæ йæ адвокаттæ ивгъуыд декабрæй фæстæмæ зонгæ кæнынц уголовон хъуыддагимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Мæскуыйы дæр абон райдыдта æфсæддон тæрхондоны æмбырд Гаджиты Асланы хъуыддаджы фæдыл

Категория:

Новости и СМИ