Джызæлы цæрджытæ хъаст кæнынц фæндæгты уавæрæй
Джызæлы Мамсыраты æфсымæрты æмæ Торчынты уынгты хæрзæрæджы рауагътой ног дондзæуæн хæтæлтæ. Цæрджытæ уымæ бирæ рæстæг æнхъæлмæ кастысты. Фæлæ, уыцы удæнцоимæ сæмбæлыдысты зындзинадыл. Куыстыты фæстæ уынгты фæндæгтæ заууат уавæры баззадысты. Нæдæр дзы адæмæн, нæдæр хæдтулгæтæн нæй рацæуæн æнæ къуылымпытæй. Арæх-иу дзы ныссагъд хæтдулгæ. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, раздæр-иу сæ бон уыд хуымæтæг дзабырты дæр ацæуын фæндагыл. Ныр дзы цырыхъхъыты дæр зынтæй ис ацæуæн. Уаргæ бон фæндаджы уавæр бынтон æвзæр свæййы. Сывæллæттæн дæр ахæм фæндæгтыл скъоламæ цæуын æнцон нæу. Торчынты уынджы цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй кæд раздæр сæ фæндаг сæхи хъарутæй сарæзтой, уæд йын ныр сæ бон ницы у. Æмæ ахæм уавæры Джызæлы æрмæст Торчынты уынг нæу. Мамсыраты æфсымæрты уынджы дæр хæрзæрæджы рауагътой ног дондзæуæн хæтæлтæ. Уыцы куыст дæр дзæвгар ныдæргъвæтин, цæрджыты ныхæстæм гæсгæ. Фарстайы фæдыл адæм ацыдысты хъæуы администрацимæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй хæтæлты куыст кæронмæ куы æрхæццæ, уæд сын ныфс бавæрдтой, дыууæ къуырийы фæстæ фæндагмæ кæй базилдзысты. Фæлæ, ныр рацыд мæйæ фылдæр. Ногæй адæм хъæуы хицаумæ ацыдысты сæ курдиатимæ. Кæдмæ æнхъæлмæ кæсгæ у адæмæн, сæ фарстамæ сын æргом кæд аздахдзысты, уый базонынмæ фембæлыдыстæм хъæуы хицау Доййаты Аслæнбегимæ. Куыд нын бамбарын кодта, афтæмæй закъонмæ гæсгæ, Мамсыраты æфсымæрты æмæ Торчынты уынгты фæндæгтæ сты районы бæрны. Фæлæ, хъæуы администраци йæхимæ уыцы хæс райсдзæнис. Ныфс нын бавæрдтой, хæстæгдæр рæстæг фарста кæй аиуварс кæндзысты. Хъæуы администрацийы нын фидарой загътой, нæ бон кæй у ногæй цыбыр рæстæджы фæстæ сбæлвырд кæнын, хъуыддаг арæзт æрцыд, æви нæ. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Джызæлы цæрджытæ хъаст кæнынц фæндæгты уавæрæй
Категория:
Новости и СМИ