Хъарм зымæг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

14 просмотров

9 лет назад

Уæвгæ боныхъæд цыдæр æнахуыр хæссы. Ацы зымæг адæм раст цыма европæйаг бæстæты сты, афтæ сæм кæсы. Мит нæй, уый иу хъуыддаг у, фæлæ ма уæлдæфы температурæ 10 градусæй дæр фæуæлæмæ вæййы. Зымæджы йæ къæхты кæдæмдæр ахастой æмæ кæмдæр фæдзæгъæл, иудзырдæй. Синоптикты бæрæггæнæнтæм гæсгæ Ног азы бæрæгбоныл сæмбæлдзыстæм æнæ митæй. Уый нæ, фæлæ ма ноджы хъармдæр фæуыдзæн. 31-æм декабры термометр равдисдзæн 13-15 градусы онг хъарм. Ног азы æхсæв та уыдзæн 1 градус хъарм. Ууыл иутæ цин кæнынц, иннæтæ та, уæлдайдæр, сывæллæттæ хъыг кæнынц. Тынг сæ фæнды къахдзоныгътыл æмæ дзоныгътыл бырын, тæдзынджытæ тонын, митын лæгты скæнын. Банхъæлмæ кæндзыстæм. Ныртæккæ мит бирæ ис æрмæст хохы. Уымæ гæсгæ дзы тæссаг ууыдзæн зæйтæ рацæуынæй. Ирвæзынгæнæн службæ сиды республикæйы цæрджытæм æмæ уазджытæм, цæмæй æххæст кæной æдасдзинады домæнтæ æмæ æнæхъуаджы хæхтæм ма цæуой. Бæрæгбонмæ чи `нхъæлмæ кæсы, уыдонæн та нæ зæрдæ зæгъы æцæг циндзинад. Кæд мит не `руара, уæддæр ма стыхсут – бæрæгбон зæрдæйы ахастæй аразгæ у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Хъарм зымæг

Категория:

Новости и СМИ