Мæнг аудиохъусынгæнинаг
Социалон хызты апарахат ис аудиозапись. Систа йæ Дзæуджыхъæуы тагъдæххуысы дохтыртæй иу. Ныхас дзы цæуы æнæнизхъахъхъæнынады министрад æрæджы цы ног ивддзинæдтæ æрцыд, уыдоныл. Хъаст кæны Дзæуджыхъæуы рынчындæтты уый фæстæ цы зын уавæр сæвзæрд ууыл. Бынат сæм кæй нæ фаг кæны, æмæ рынчынтæ та къæридоры кæй хуыссынц. Рæстдзинад рабæрæг кæнын сæхимæ райстой Æхсæнадон палатæ æмæ фæсивæдон парламенты уæнгтæ. Бабæрæг кодтой рынчындон. Семæ араст не сфæлдыстадон къорд дæр. Тагъдæххуысы рынчындонмæ иу бонмæ сæдæ адæмагæй фылдæр æрбацæуы. Бацæуæнты къах бавæрæн дæр нæ вæййы. Фельдшер, йæ ном ын нæ дзурдзыстæм, исæн уатмæ рынчынты æрбаласта æмæ иу сæ дарддæр иннæ кусджыты бар бакодта. Афтæ зæгъы тагъд æххуысы клиникон рынчындоны фельдшеры ныхас. Ныр куыд дзуры, афтæмæй йæ куысты домæнтæм гæсгæ рынчыны исæн уатæй дарддæр никуы баласта. Уый йæ бæрны нæй. Рынчынтæм чи æмæ куыд кæсы, уый та йæм уæвгæ дæр нæ хауы. Æмæ дохтыртæ рынчынтимæ куы фембæлынц, уæд семæ никуы уыд. Куыд зæгъы, афтæмæй йын ныр йæ ныхæстæ иннæрдæи æрзылдтой. Æмæ кæд хъаст кодта, уæддæр йæ хиуæнттимæ, интернеты социалон хызæгты комкоммæ хъусынгæнинæгты. Кæмæдæр сæ цы аудиохъусынгæнинаг арвыста, уый кæй апарахат уыдзæн, уый æнхъæл нæ уыд. Рæстдзинад сбæрæг кæнынæн рынчындонмæ æрбацыдысты Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ, сæ сæргъы Нина Чиплаковæ, афтæмæй. Фембæлдысты рынчындоны сæйраг дохтыр Митциты Астанимæ. Иумæ рынчындоны цалдæр уæладзыгыл æрзылдысты æмæ лæмбынæг æркастысты уавæрмæ. Бабæр кодтой цалдæр хайады. Ныхас кодтой рынчынтимæ. Базонын сæ фæндыд медицинон кусджытæ сæм куыд кæсынц, куыд сæ дзæбæх кæнынц æмæ сын се нæниздзинадæн сын цавæр æххуыс кæнынц, уый. Рынчынтæ – радзырдтой, ам сæм дзæбæх кæй кæсынц уый. Сæйраг дохтырæй иууылдæр бузныг сты. Разы сты рынчындонмæ дзæбæх кæй базылд æмæ йæ кæй банывыл кодта, уый тыххæй. Адæмы хсæн чидæр ахæм мæнг ныхæстæ кæй парахт кæны, ууыл сæхæдæг дис кæнынц æмæ сын хъыг у. Æмæ ма сæ ныхæстæм бафтауынц – йæ куысты уæлхъус цы бон æрлæууыд, уæдæй фæстæмæ разæнгардæй æмæ æнæзæрдæхудтæй кусы. Йæ удæй арт цæгъды адæмæн баххуыс кæнын æмæ сæ зæрдæхудты ма бацæуын. Аудиохъусынгæнинаджы фæстæ ма чидæртæ дзырдтой иннæ цауты тыххæй дæр. Ома, районтæй кæй ласынц, уыцы рынчынтæ Дзæуджыхъæуы дзæбæхгæнæндæттæм нал бахæццæ вæййынц. Уыцы хъуыддаджы дæр кусджытæ сæхи сраст кодтой. Ныртæккæ тагъдæххуысы клиникон рынчындоны кусы 1 мин адæймагæй фылдæр. Сæхи дзы дзæбæх кæнынц 490 адæймаджы. Хуыссæн бынæттæ та дзы – 540 æн ис. Уый дæр ууыл дзурæг у æмæ рынчындон кусы куыд æмбæлы, ахæм фæткмæ гæсгæ. Уый къамисы уæнгтæ сбæрæг кодтой. Æхсæнадон Палатæйы уæнгтæ æмæ рынчындоны кусджытимæ фембæлды ма дзырдтой иннæ ивддзинæдты тыххæй. Ветеранты советы сæрдары хæдивæг Фриаты Хъазыбег дæр разы баззад, хъусынгæнинаг мæнг кæй разынд æмæ рынчындоны пациенттæ разы кæй сты, уымæй. Къамисы уæнгты ныхæстæм гæсгæ, адæм хъуамæ зоной рынчындоны уавæр дзæвгар кæй фæхуыздæр уый. Дохтырты куыст дæр фæхæрзхъæддæр. Рынчынтæм сæ хъус лæмбынæг дарынц. Сæ хорз куысты æвдисæныл банымайæн ис – ацы рынчындонмæ æххуысагур канд Цæгат Ирыстоны цæрджытæ нæ, фæлæ ма сыхаг республикæкæтæй кæй цæуынц, уый дæр. Уый та ууыл дзурæг у æмæ рынчындоны лæггæдты хæрзхъæддзинад куыд æмбæлы, афтæ у. Æмæ ма дзы кæд цыдæр хъуыддæгтыл бакусын хъæуы, уæддæр иу ран нæ лæууынц, алцыдæр кæнынц адæмæн æмбæлгæ медицинон æххуыс кæныныл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Мæнг аудиохъусынгæнинаг
Категория:
Новости и СМИ