Архонкæйы цæрджытæн раарфæ кæнынмæ æрбацыд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр.
Ныр та - Архонкæйы ныридæгæн цы бæрæгбон сарæзтой, уый тыххæй бæлвырддæр. Хъазахъхъаг зарджытæ, хъæлдзæг кæфтытæ æмæ адæмон хъæзтытæ. Бæрæгбоны программæ рауад хъæздыг æмæ мидисджын. Станицæйы сæйраг парчы адæмæй къах бавæрæн нæй. Стырæй - чысылæй æрбацыдысты бæрæгбонмæ. Сæйраг уынджы равæрдтой, станицæ кæд фæзынд, уæдæй нырмæ историйы тыххæй стенд. Кæй фæнды, уыдоны та ахуыр кæнынц хъамайæ хæцыныл дæр. Парчы ма сæ дæсныйад æвдисынц æрмдæснытæ. Бынæттон национ æхсæнадтæ, скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ бацæттæ кодтой равдыстытæ. Культурæйы хæдзары та сарæзтой стыр концерт. Архонкæйы цæрджытæн раарфæ кæнынмæ æрбацыд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Станицæйы 10 хуыздæр цæрæджы схорзæхджын кодта майдантæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Архонкæйы цæрджытæн раарфæ кæнынмæ æрбацыд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр.
Категория:
Новости и СМИ