Онлайн-додой

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Зындгонд китайаг базарадон сайт «АлиЭкспресс» Уæрæсейы цæрджыты хи сæрмагонд сыфтæ мингæйттæй не `хгæны. Уый тыххæй абон фехъусын кодта сайты минæвар нæ бæстæйы Антон Пантелеев. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй æцæгæйдæр китайаг специалисттæ тох кæнынц цæстфæлдахæн митимæ. Фæлæ уыдон сты иугай фæзындтæ. Ныхас цæуы, æгæр арæх цыдæртæ чи `лхæны æмæ сын уыйфæстæ сæ фылдæр æрдæг фæстæмæ раздахынмæ чи хъавы, уыдоныл. Уæд сайты разамынд æнæмæнг фæгуырысхо вæййы, уыцы митæ цас раст сты, ууыл. Æцæгæй сайд кæуыл æрцæуы, уыцы `лхæнджытæн сæ бон у се `хца фæстæмæ раздахын. Уый тыххæй сæ фыстæг арвитынц базарадон хызæджы разамындмæ. Фæлæ æрæджы Интернеты фæзындысты, уый руаджы аккаг товары аргъ дæр фæстæмæ бастигъæн куыд ис уæйгæнæгæй, ахæм амынддзинæдтæ. Стыр, фæлæ чъизи `хцатæ бакусын кæй зæрды уыдис, уыдон уайтагъд уымæй пайда кæныныл фæцалх сты. Китайаг уæйгæнджыты уынгæджы фæкодтой, чысыл ма бахъæуа, æмæ сæ фæкъуыввитт кæной. Уымæ гæсгæ сайт райдыдта мæнгард цæстфæлдахджытæй хи бахъахъхъæныны мадзæлттæ аразын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Онлайн-додой

Категория:

Новости и СМИ