Дзанайты Барис амыдта хицауады радон аппаратон æмбырды

21 мин адæймагæй фылдæр республикæйы спайда кодтой бынативгæ медицинон комплекстæй. Цæгат Ирыстоны сты 11. Специалисттæ бынæттæм рацыдысты 600 хаттæй фылдæр. Уый тыххæй радон аппаратон æмбырды радзырдта дзуапдæттæг министр Тебиаты Сослан. Уый куыд бафиппайдта, афтæмæй алы мæй дæр хъæутæм æрбацæуынц республикон клиникон рынчындоны алыхуызон специалисттæ, се 'хсæн онкологтæ дæр, афтæмæй. Хицауады сæрдар Дзанайты Барис бахатыд районты разамонджытæм, цæмæй санитарон уавæрмæ кæсой. Туристтæ хъаст кæнынц, быронæмбырдгæнæнтæ кæцыдæр бынæтты кæй нæ фаг кæны. Уымæй уæлдай ма дзырдтой фæлхасадон армукъаты тыххæй дæр. Премьер куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй дзы фермертæн бынæттæ хъуамæ уой лæвар. Аразын та сæ хъæуы арæхдæр. Уымæй уæлдай ма Дзанайты Барис бабар кодта æппæт арæзтадон фæзтæ дæр снывыл кæнын домæнтæм гæсгæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 504 подписчика
12+
53 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии