Миты зæйтæй тæссаг у

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрад хъусын кæны, Краснодары крайы æмæ Цæгат Кавказы республикæты хæхты зæйтæ рацæуынæй тæссаг кæй у. Ирвæзынгæнджытæ сидынц адæммæ цæмæй, сæхи хъахъхъæной хæхтæм `ввахс фæндæгтыл. Бæрæг куыд у, афтæмæй хæхты фæхстыл æрæмбырд уыдзæн бирæ мит. Краснодары край, Адыгейæ æмæ æнæхъæн Цæгат Кавказы уавæр сæ хуыздæртæй нæ уыдзæн. Куыд зæгъынц, афтæмæй, гæнæн ис, æмæ хъыгдард баййафой хæдзæрттæ æмæ административон бæстыхæйттæ. Электрон тыхы телтæн тæссаг уыдзæн аскъуынынæй. Фæндæгтæ уыдзысты бырынцъаг, хæдтулгæты хицæутты хъæудзæн уæлдай къæрцхъус уæвын. Ирвæзынгæнджыты Хуссар Федералон зылды службæйы куы хъусын кæнынц, афтæмæй уал ныридæгæн Цæгат Кавказы хæхты æрцыд 200 зæйы. Æмæ мæнæ ныртæккæ куыд базыдтам, афтæмæй Уæллаг Ларсы фæндаг 10 минуты размæ сæхгæдтой уæзласæн машинæтæн. Фæндагыл цæуджытæ цæмæй ма стыхсой, уыйтыххæй сын бынаты аразынц цардыуаг æххæстгæнæн уавæртæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Миты зæйтæй тæссаг у

Категория:

Новости и СМИ