Танкты биатлонæй хуыздæртæ
58-æм æфсады службæгæнджытæй Æппæтдунеон турниры танкты биатлонæй йæхи хуыздæр чи равдыста, уыдонæн кадджын уавæры радтой хæрзиуджытæ. Ерыстæ цыдысты Мæскуыйы облæсты, полигон Алабинойы. Архайдтой дзы дунейы 19 бæстæйы минæвæрттæ. Уæрæсейы командæйæн дзы æмбал нæ уыд. Йæ фæстæ фæуагъта Китай, Инди æмæ æндæр бæстæты командæты. Уымæй уæлдай ма уæлдæфон хъахъхъæнынадæй ерысты не `мбæстæгтæ бацахстой раззаг бынæттæ. Хуыздæр æфсæддонтæн арфæ ракодта æмæ сын хæрзиуджытæ радта 58-æм æфсады командыгæнæг Евгений Никифоров. Сæ хорз службæйы, стæй ерысты уæлдæр бынæттæ кæй бацахстой, уый тыххæй сын загъта бузныг. 42-æм гвардион дивизийы командиры хæдивæг Сергей Нартымовæн та саккаг кодтой арфæйы фыстæг. «Биатлонæй ерыстæм нæхи цæттæ кодтам мартъийæ фæстæмæ. Фылдæр хатт-иу 42-æм дивизийы танкисттæ фæуæлахиз сты 58-м æфсадыл. Федералон зылды ерысты дæр рамбылдтам: акъуырдтам æппæт мысантæ æмæ бацахстам 1-аг бынат. Æппæтдунеон турниры дæр нæ къухы хорз бæрæггæнæнтæ бафтыд. Ерысгæнджытæн та цы зæгъон?! Уæнт фæразон, хъæбатыр æмæ тырнæнт уæлахизтæм», — загъта 42-æм гвардион дивизийы командиры хæдивæг Сергей Нартымов. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Танкты биатлонæй хуыздæртæ
Категория:
Новости и СМИ