Ахæм хабæрттæ // 23 января 2020
Дондзæуæн хæтæлтæ базилинаг æмæ ивинаг кæм сты, уыцы объекттæ сбæлвырд кодтой. Ууыл бакусын цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарадæн бабар кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Дондзæуæн системæ фыццаджыдæр кæм сног кæндзысты? Радзурдзыстæм æй. Оперативон куысты хатдзæгтæ Мидхъуыддæгты министрады Дзæуджыхъæуккаг разамынды хуыздæр кусджыты схорзæхджын кодтой гæххæттытæй. 6-æн саккаг кодтой сгуыхт кусæджы ном. Цы бантыст ныры онг æмæ дарддæр цы? Сæрмæттон æфсæддоны фæлгонцы хуыз, гæнæн ис, æмæ фæзына Лиссабоны музейы. Йæ аразæг Таутиаты Азæ. Арæхстджын æрмдæсныйы куыстытæ се 'ппæт дæр адæймаджы дисы 'фтауынц. Нæ сфæлдыстадон къорд дæр сын стыр аргъ скодта. Чысыл фæстæдæр - бæлвырддæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахæм хабæрттæ // 23 января 2020
Категория:
Новости и СМИ