Боксы бæрзæндтæм тырнгæйæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

9 лет назад

Иу хатт ма нæ богалы тыххæй! Гасситы Мурат – Юниер Дортикосы нокауты куы арвыста, уæд адæм уынгтæм раивылдысты æмæ æцæг бæрæгбон сарæзтой. Уæлахиздзауы номыл зарджытæ, кæфтытæ æмæ диссаджы арфæтæ кодтой ... Абон дæр ма, чемпионыл ныхас не`нцайы. Уый нæ, фæлæ ма хистæрæй-кæстæрæй боксы секцитæм дæр ныгуылф кодтой. Гасситы Мураты тыххæй фылдæр боксы секциты ныхас кæнынц. Æмæ цæуыннæ? Йæ уæлахизы фæстæ, иууылдæр ахæм æнтыстдзинæдтæм тырнынц. Афтæ куы зæгъæм, бокс парахтдæр кæны, уæд гæды ныхас нæ уыдзæн. Æрмæст иу залмæ дæр куы бакæсæм, уæд æцæгæй дæр афтæ у. Ацы къорды ныртæккæ архайынц гыццыл сывæллæттæ. Бокс тынг бауарзтой æмæ сæ дзы фыццаг къахдзæфтæ кæнынц. Козаты Сæрмæт Муратыл афтæ æнувыд у æмæ йын кæддæриддæр кæсы йæ ерыстæм. Кæимæ куыд хæцыд, уыдоны се ппæты дæр зоны. Алы хат дæр сам фæкæсы. Фæнды йæ, цæмæй искуы нæ боксеры хуызæн куыд суа, уый. Къорды – 30 чысыл боксеры. Залы уымæй фылдæр сывæллæттæ бакæнæн нæй. Тренертæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæм бацæуын кæй фæнды, уыдон афтæ бирæ сты æмæ афон у дыккаг къорд байгом кæнын. Ацы бонты та ноджы фылдæр адæм æрбацæуынц æмæ залы къух бакæнæн дæр нал вæййы. Ацы залмæ дæр боксæй хæцынмæ бирæ лæппутæ æмæ чызджытæ цæуынц. Се хсæн ахæмтæ æмæ ныридæгæн спорты ацы хуызы алыхуызон турнирты уæлахиздзаутæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ боксæй фылдæр ницы уарзынц. Толасты Алан боксæй 1 аз хæцы. Уый размæ та архайдта спорты иннæ хуызæй. Хъæбысхæст боксыл кæй баивта, ууыл фæсмон нæ кæны. Тренерты ныхæстæм гæсгæ, адæм боксы секцитæм кæй ныггуылф кодтой, уый хорз у. Спорты ацы хуыз адæймаджы кæны хъæддых фидар æмæ ныфсджын. Уæдæ хъаруджын кæй кæный, уый дызæрдыггаг нæу. Æнæниздзинадæн æмæ дзæбæх зæрдæйы уагæн йæ ахадындзинад æгæрон у. Куыд уынæм – Ирыстоны бокс парахат кæны. Чи зоны, афтæ рауайдзæн æмæ уæгъдибар хъæбысхæст йæ фæстæ фæуаддзæн. Æмæ сæрыстыр кæмæй стæм уыцы богæлтты кадыл æфтаудзысты æрыгон боксертæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Боксы бæрзæндтæм тырнгæйæ

Категория:

Новости и СМИ