Кинофестивалы уæлахиздзау
"Цы, кæд æмæ?" Афтæ хуыйны ирыстойнаг режиссерты цыбырметражон киноныв. Æппæтдунеон кинофестивалы бацахста фыццаг бынат. "Оригиналон жанры" йын æмбал нæ разынд. Фестиваль ацыд Казаны. {ЗКД} Киноныв аразджытæ Рæмонаты Олег æмæ дыууæ æфсымæры - Махъоты Рустам æмæ Иосиф. Систой зæрдæмæхъаргæ ныв дугъгæнæджы хъысмæтыл. Киноныв конд у царды æцæг цауты бындурыл. Дыууæ æфсымæры машинæтыл сæхæдæг дæр арæх фæдугъ кæнынц æмæ уый тыххæй видеоæрмæг уыдис фаг. Киноныв арвитыны хъуыды æфсымæртæм æвиппайды фæзынд. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ фыццаг куыстæн аивады ахæм аргъ скæндзысты, уый æнхъæл нæ уыдысты. Сфæлдыстадон ерысты архайдтой 300 адæймаджы 10 номинацийы. Æнтыстдзинад сразæнгард кодта лæппуты дарддæр дæр æнувыдæй ног кинотыл кусынмæ. ¤ Махъоты Иосиф, режиссер "Кино куы истам, уæд зындзинæдтæ дæр æвзæрстам. Æххæст нæ уыдыстæм ифтонгады фæрæзтæй - камерæтæй, слайдертæй, штативтæй. Не `мбæлтты æмæ хæстæджыты руаджы уыцы къуылымпыдзинæдтæ аиуварс кодтам. Кæронбæттæны нæ куыстæй разыйæ баззадыстæм. Мæнмæ гæсгæ, нæ фæлтæрæн рауад æнтыстджын". _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Кинофестивалы уæлахиздзау
Категория:
Новости и СМИ