Сконды ивддзинæдтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Дзæуджыхъæуы Мидхъуыддæгты министрады разамынды ног хицау сси Саутиаты Вадим. У пъæлицæйы бцлкъон. Абон æй профилон министрады разамонæг Махаил Скоков официалон æгъдауæй базонгæ кодта Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты кусджытимæ. Уый куыд фæнысан кодта, афтæмæй барадхъахъæнджыты куыст ахсджиаг у. Уый тыххæй хъæуы дæнцæгæй æвдисын алы кусæджы пайда дæр æхсæнадæн. Уæлдай дæр, уый хауы разамонджытæм. Се*хсæн курдиатджынтæ сты дзæвгар. Сæ хæс æххæст кæнынц куыд æмбæлы, афтæ. Уымæй уæлдай ма æмбырды снысан кодтой Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы 3-æм хайады хицауы. Раздæр уыцы бынат ахста Сатиаты Вадим. Ныр дзы кусдзæн Годзойты Вячеслав. Йæхæдæг у Æрыдоны районы мидхъуыддæгты министрады хайады раздæры хицау. Æмбырды архайдтой Дзæуджыхъæуы Администарцийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис, Ирыстойнаг районы прокурор Цорæты Олег æмæ Мидхъуыддæгты министрады Ветеранты Советы уæнгтæ. Уыдон арфæйцы ныхæстæ ракодтой ног разамонджытæн. Загътой, æнтыстджын куыст цæмæй кæной, уый. Ныфс бавæрдтой, фидæны æмгуыст кæй кæндзысты. Уый фæдыл Саутиаты Вадим фехъусын кодта, цы хæслæвæрдтæ ис йæ размæ, уыдон æнæмæнг кæй сæххæст кæндзæн, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Сконды ивддзинæдтæ

Категория:

Новости и СМИ