Æппæтуæрæсеон мадзал
12-æм декабры Уæрæсейы конституцийы бон Дзæуджыхъæуы администрацийы арæзт æрцæудзæн цæрджытимæ фембæлд. Ахæм фембæлдтæ уыдзысты æгас бæстæйы дæр. Горæты администрацийы адæмимæ боны 12 сахатæй изæры 8 сахатмæ æмбæлдзæн Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Фæрниаты Тамерлан. Дзæуджыхъæуы алы цæрæгæн дæр уыдзæн фадат фембæлдмæ æрбацæуынæн æмæ сæ фарстатæн дзуæппытæ райсынæн. Уый тыххæй сæ хъæуы паспорттимæ æрбацæуын. Уагдоны пресс-службæ куыд зæгъы, афтæмæй курдиæттæм æркæсдзысты куыд ист цæуой, уыцы номхыгъдмæ гæсгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æппæтуæрæсеон мадзал
Категория:
Новости и СМИ