Хабæрттæ Ирыстон \\ 22:00 \\ 2 июля 2018
Аразыс ма æмæ нал! Республикæмæ æрбакъахдзæф кодта, æгас дунейы чи кусы, ахæм компани – «Леруа Мерлен». Абон йæ фыццаг дур йæ бынат ссардта. Кæм æй сараздзысты, уый зæгъдзыстæм. Уæрæсейы Гвардийы зынгхуыст æфсæддонтæн Черменыхъæуы байгом кодтой номарæн цыртдзæвæн. Мысæн мадзалмæ сæмбæлдысты сæ хæлæрттæ, æхсæнады минæвæрттæ, хъæуы цæрджытæ. Стъалытæй уылæнтæ Хъырымæй Ирыстонмæ раивылдысты. Сфæлдыстадон ерысты нæ республикæйы минæвæрттæ сæ фæстæ кæй фæуагътой æмæ сæрæндæр кæмæй разындысты, уый базондзыстут. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хабæрттæ Ирыстон \\ 22:00 \\ 2 июля 2018
Категория:
Новости и СМИ