Базар æхгæд æрцыд
Дзæуджыхъæуы сæйраг базар зынгсирвæстытæй æдасдзинады домæнтæн дзуапп кæй нæ лæвæрдта, уый тыххæй йæ сабаты тæрхондоны пъырыстыфтæ сæхгæдтой. Базар йæ куыст кæд райдайдзæн, уый сбæлвырд уыдзæн ацы къуыри. Ахæм уагхæлдты аххоссæй ма пъырыстыфтæ сæхгæнынмæ хъавынц Дзæуджыхъæуы автобустæ æмæ маршруткæтæ кæцæй абалц кæнынц, уыцы дыккаг вокзал. Уымæй уæлдай ма дзы бæлццæтты æнæниздзинад æмæ цардæн æдасдзинад у гуырысхойаг, хъахъхъæнджыты куыст дæр домæнтæн дзуапп нæ дæтты.Тæрхондоны пъырыстыфтæ куыд фехъуысын кодтой, афтæмæй, вокзал 90 бонмæ сæхгæндзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Базар æхгæд æрцыд
Категория:
Новости и СМИ