Æххуыс сæ хъæуы
Битарты Вячеслав фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Цæгат Ирыстоны алы районтæй йæм æрбацыд 23 адæймаджы. Се`хсæн бирæсывæллонджын ныййарджытæ, Беслæны теракты чи бахауд, йæ æнæниздзинад хъыгдард кæмæн у, æмæ фатермæ бирæ рæстæг чи æнхъæлмæ кæсы, ахæмтæ. Фылдæр курдиаттæ уыдысты материалон æхуыссы тыххæй. Битарты Вячеславмæ ма æхуыссмæ бахатыдысты амалхъæом адæм дæр. Респуликæйы сæргълæууæг зæрдæ бавæрдттæ, курдиаттæ æххæстгонд кæй æрцæудзысты. Битарты Вячеслав ма фембæлд Сланты Арсен æмæ Албегаты Зелимимæ. Уыдон сæ ныййарджытимæ загътой бузныг нæ республикæйы сæргълæууæгæн, æрыгон лæппуты хъуддагмæ куыд фæндыйы цæстæй кæй не`ркаст, уый тыххæй. Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы хъуыддаджы Албегаты æмæ Сланты бинонты фарсмæ æрбалæууыд тынг бирæ адæм. Уæ зæрдыл уын æй æрлæууын кæндзыстæм, Цæгат Кавказы æфсæддон тæрхондон уынаффæ фæфæлмæндæр кодта. Аппеляцимæ æркаст æмæ лæппутæн ахæстоны фæбадыны тæрхон баивтой дзырдæн æмгъуыдæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æххуыс сæ хъæуы
Категория:
Новости и СМИ