Абон у зындгонд ирон спортсмен Андиаты Сосланы гуырæн бон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Абон у зындгонд ирон спортсмен Андиаты Сосланы гуырæн бон. Сæххæст ыл хъуамæ уыдаид 67 азы. Йæ ном æрымысыны тыххæй йæ бинонтæ, йæ хæстæджытæ, йæ сыхæгтæ, йе `рдхæрдтæ æмæ спортсментæ æрæмбырд сты горæтæй Джызæлмæ фæзилæны уæлмæрдты. Йæ цыртдзæвæнмæ йын æрбахастой дидинджытæ æмæ веноктæ. Æрбацæуджытæ дзырдтой Сосланы тыххæй, æрхъуыды кодтой, цавæр уыд куыд адæймаг, куыд спортсмен, политик æмæ æхсæнадон кусæг. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм Андиаты Сослан йæ цардæй ахицæн ивгъуыд азы 22-æм ноябры. Андиайы-фырт у Олимпаг хъæзтыты 2 хатты чемпион, ахæм ном нæ республикæйы райста фыццаг. 4 хатты та ссис Дунейы чемпион. 12 азы йыл куы цыд, уæд бауарзта уæгъдибар хъæбысхæст. Ссис иттæг дæсны уыцы спорты. Афтæ рауад, æмæ ма йе `фсымæртимæ иумæ æппæтуæрæсеон ерысты бацахста æгас пъедестал дæр. Ахæм æнтыст уæдæй фæстæмæ никæйуал къухы бафтыд. Йæхи аккагæй кæй февдыста йæ цардвæндагыл, уый тыххæй Андиаты Сосланы бар бакодтой ацы къабазимæ баст бæрнон бынæттæ. Уыдис Парламенты депутат, æхсæнадон кусæг, йе `нæзæрдæхудт фæллойы тыххæй йын саккаг кодтой бирæ паддзахадон хæрзиуджытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Абон у зындгонд ирон спортсмен Андиаты Сосланы гуырæн бон

Категория:

Новости и СМИ