Æмгуыстады фарстатæ
Республикон æмæ бынæттон бюджеттæй фыст цы пайдагæнджыты хæрдзтæ цæуынц, уыдоны хæсты тыххæй ныхас кодтой республикæйы сæргълæууæджы фембæлды рæстæг бынæттон хиуынаффæйады органты разамонджытимæ. «Севкавказэнерго»-йы директоры хæстæ æххæстгæнæг Андрей Ерешкины ныхæстæм гæсгæ, электрон тыхæн ацы аз фыст æрцыд 20 милуан сомы фылдæр. Кæд ивгъуыд аз 335 милуан сомы уыдысты, уæд ацы аз та - 355 милуан сомы. Уымæй уæлдай ма Андрей Ерешкин фæбæрæг кодта, январь азы æппæты уæззаудæр мæй кæй у, уымæн æмæ дзы электрон тыхæй фылдæр спайда кæнынц. Фаронимæ абаргæйæ ацы аз январы схардз кодтой 50 милуан сомы фылдæр. Битарты Вячеслав бабар кодта районты разамонджытæн, цæмæй бынæттон бюджеттæм æмбæлгæ фæрæзтæ бахæссой, районты газ æмæ электрон тыхæн 100 процентæн куыд фидой. Уымæй уæлдай ма сын бабар кодта, цы зымæг æрхæццæ кæны, уымæ ныртæккæ цæттæ кæнын райдайын. Æмбырды ма ныхас кодтой республикæйы сæйраг архитекторы службæ æмæ районты разамынды æмгуыстады фарстатыл. Республикæйы сæргълæууæг сын бабар кодта æнгомæй кусын æмæ æнæпълан арæзтæдтæ бауромын. Мадзалы архайджытæ ма дзырдтой телеуынынады ног хуызмæ рахизыныл. Битарты Вячеслав бабар кодта районты сæргълæуджытæн, цæмæй фарстамæ сæхæдæг кæсой. Республикæйы сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, уыцы куыстимæ цæрджыты хъæуы зонгæ кæнын. Уымæй уæлдай ма Битарты Вячеслав бабар кодта, æххуысхъуаг бинонтæн сæрмагонд нымæцон уæлæфтуантæ балхæнын. Æххуысхъуаг бинонтæй хæхты чи цæры, уыдонæн та хъæудзæн спутникон комплекттæ балхæнын. Республикæйы информацион технологитæ æмæ бастдзинады управленийы сæргълæууæг Сæлбиты Алан куыд зæгъы, афтæмæй Цæгат Ирыстоны нымæцон телеуынынадмæ рахиздзæн 3-æм июны. Сбæрæг кодтой уæлæфтуантæ балхæнынæн æххуыс кæй хъæуы, уыцы бинонты нымæц дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æмгуыстады фарстатæ
Категория:
Новости и СМИ