Экологон равдыст
Дзæуджыхъæуы уыдис экологон æркаст. Архайдтой дзы скъоладзаутæ æмæ рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ. Конкурс у æрвылазон. Сывæллæттæн ссис уарзон. Скъоладзаутæ сæхи мадзалмæ бæстонæй бацæттæ кодтой. Сæ куыстытæ рауадысты аив æмæ цымыдисаг. Сабиты конкурсмæ бацæттæ кодтой сæ ахуыргæнджытæ, хъомылгæнджытæ æмæ ныййарджытæ. Конкурсы сæйраг темæ - æрдзы сыгъдæгдзинад бахъахъхъæнын. Архайджыты нымæц уыд 100 адæймагæй фылдæр. Мадзал сарæзтой Цæгат Ирыстоны æрдз хъахъхъæныны хайад, экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрады хъæппæрисæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Экологон равдыст
Категория:
Новости и СМИ