Æрыдоны пъæлицæйæгтæ рабæрæг кодтой, банчы картæйæ æхцайы фæрæзтæ чи адавта, ахæм нæлгоймаджы
Æрыдоны пъæлицæйæгтæ рабæрæг кодтой, банчы картæйæ æхцайы фæрæзтæ чи адавта, ахæм нæлгоймаджы. Барадхъахъхæнджытæм æххуысмæ æрбацыд 65 аздзыд бынæттон цæрæг. Уый радзырдта, йæ банчы картæ кæйдæр къухтæм кæй бахауд. Электрон чыссæйæ цæстфæлдахджытæ систой 40 мин сомы. Æвæстиатæй пъæлицæйæгтæ раиртæстой, закъоны сæрты чи ахызт, уый. Разынд йæ сыхаг. 57 аздзыд нæлгоймаджы азымджын кæнынц, банчы картæ кæй адавта æмæ æнæзакъонæй æхцайы фæрæзтæй кæй спайда кодта, уымæй. Ацы цауы фæдыл Æрыдоны слестгæнджытæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг 158 статьямæ гæсгæ «Кража». Æрыдоны пъæлицæйы хайады кусæг Уаниты Феликс: «Банчы картæйы æхцайы фæрæзтæ æнцон у дарын. Нырыккон дуджы адæймаг ацы лæггæдтæй пайда кæны йæ удæнцойæн. Уымæ гæсгæ арæх цæстфæлдахджытæ æрхъуыды кæнынц алыхуызон гæнæнтæ, цæмæй банчы картæ раафтид кæной. Ацы цауы дæр афтæ. Картæйæ пайдагæнджытæ хъæугæ информаци цæстфæлдахæгæн сæхæдæг фехъусын кодтой. Æрыдоны районы пъæлицæйы кусджытæ ма иу хатт цæрджыты зæрдыл лæууын кæнынц цæмæй сæ банчы картæйы номыртæ, паспорты фыст информаци æнæ зонгæ адæмæн ма хъусын кæной. Уый сæ бахъахъхъæндзæн фыдгæнджыты гæды митæй». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрыдоны пъæлицæйæгтæ рабæрæг кодтой, банчы картæйæ æхцайы фæрæзтæ чи адавта, ахæм нæлгоймаджы
Категория:
Новости и СМИ