Арвыкомы фæндаг уæзласæн хæдтулгæтæн у æхгæд
Хъуыддагыл ма æвзæры`рдæм ахады æвзæр боныхъæд. Уый тыххæй контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс» дæр йæ куыст æрлæууын кодта - хабар кæнынц Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæй. Республикæйы хæххон районты, зæгъынц министрады, боныхъæд бынтон æвзæр у, зæйтæ рацæуынæй дзы тæссаг у. Æвирхъау цаутæ æмæ фыдбылызтæ æрцæуынæн гæнæн кæй ис, уый тыххæй сæрмагондæй хъусын кæнынц. Уæлдай къæрцхъусдæр уæвын хъæуы фæндæгтыл. Тæссаг у, фæндаггæрæтты цы бæстыхæйттæ æмæ электрон тыхдæттæн хызæгтæ цæуынц, уыдонæн. Уый хынцгæйæ, ирвæзынгæнджытæ сидынц адæммæ, цæмæй фыдбылызтæй сæхи хизой. Сæ балцыл рагацау хъуыды кæной æмæ тæссаг рæттæм ма цæуой. Бахъуаджы рæстæг та ирвæзынгæнджытæм хабар кæной 101, 112, кæнæ 01 сæрмагонд номыртæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Арвыкомы фæндаг уæзласæн хæдтулгæтæн у æхгæд
Категория:
Новости и СМИ