Виталий Мутко сарæзта хицауадон æмбырд Дзауджыхъæуы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Виталий Мутко йæ амыдта, афтæмæй ма Дзæуджыхъæуы уыдис хицауадон æмбырд. Уым дæр уазджытæ фысымтимæ ныхас кодтой æнæниздзинад хъахъхъæныныл.  Вероника Скворцова радзырдта, хæстæгдæр 3 азмæ республикæйы цы бакусдзысты, уый тыххæй. Хъуамæ кæронмæ ахæцц уа сывæллæтты рынчындоны цалцæг, базилдзысты ма тагъд æххуысы клиникон рынчындоны морг æмæ гинекологон хайæдтæм, уæдæ ма раздæр кæй кой кодтам, тарнизы зæронд уыцы бæстыхайы бынаты сывæллæттæн рынчындоны арæзтадыл дæр дзырдтой. Æдæппæтæй хъуамæ бауой 14 кусæндоны федералон бюджеты хардзæй. Виталий Муткойæн та радзырдтой хъæууон хæдзарады, стæй республикæйы иумæйаг æфтиæгты рæзты тыххæй. Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæджы хъуыдымæ гæсгæ, æргом аздахын хъæуы спортивон æмæ социалон-культурон кусæндæтты арæзтадмæ дæр. Зæгъæм, ихы галуан хъæуы цæалцæг кæнын. Стæй уæвгæ дæр, уыйас хъæздыг спортивон истори цы республикæйæн ис, уый хъæуы егъау зал. Ахсджиаг ныхас расайдта, йæ фатерæн æхца бафидгæйæ æнæ цæрæнбынатæй чи баззад, уыдоны хъысмæт дæр. Виталий Мутко куыд загъта, афтæмæй июлы уыцы хæстæн федералон бæджетæй радих кæндзысты 5 миллиард сомы. Бахардз сæ кæндзысты регионты цæрæн хæдзæрттæ аразыныл. Программæмæ хаст у Цæгат Ирыстон дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Виталий Мутко сарæзта хицауадон æмбырд Дзауджыхъæуы

Категория:

Новости и СМИ