Московская уынджы 17-æм хæдзары цæрджытæ хъаст кæнынц сæ лифт кæй нæ кусы, уый тыххæй

Карджын сылгоймæгтæн дыккæгæм уæладзыгмæ дæр схизын æнцон нæу. Лифт нæ кусы ныр 3 мæйы. Московская уынджы бирæфатерон хадзары ис 9 уæладзыджы. Куыдзиаты Зарæ цæры æртыккӕгӕмы. Фатермæ бахауын ын вæййы æцæг фæлварæн. Фæстаг хатт хæдзары лифт баивтой 30 азы размæ. Фæлæ уæд дæр ногы бæсты сæвæрдтой, раздӕр пайда кæмæй кодтой, ахæм лифт. Ам дӕр дзы пайда кодтой зæрдæхсайгæйæ. Фехæлд-иу арæх. Техникон къуылымпыдзинæдтæ аиуварс кæныныл цæрджытæ архайдтой сæхи тыхтæй. Цы æхца-иу æрæмбырд кодтой, уымæй-иу баивтой лифты хæйттæ. Фæлæ уый фаг нæ уыд. Хæдзар хауы 7-æм разамынддæттæг компанимæ. Æххуысы фæдыл сæм цæрджытæ иу æмæ дыууæ хатты нæ фæсидтысты. Сæ ныхæстæм гæсгæ сын ног лифт сæвæрын ныфсытӕ бавæрдтой ацы аз. Лифт баивæн уыдзæн бындурон цалцæджы программæйы фæлгæты. Фæлæ уӕдмӕ та, цæрæнуæтты коммуналон, артаг æмæ энергетикæйы министрады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй лифты техникон уавæрӕн дзуапп дæтты хæдзарæн разамындæттæг управлени. Не сфæлдыстадон къордæн телефоны бастдзинады руаджы бантыст хæдзарæн разамындæттæг управленийы директор Козаты Виталиимæ аныхас кæнын. Куыд радзырдта, афтæмæй лифт нæ ацыд сæрмагонд иртæст. Уымæ гæсгæ йын йæ техникон уавæрмæ нал æнтысы зилын. Лифтон хæдзарады рацарæзты программæ республикæйы ис 2019-æй азæй нырмæ. Ацы аз баивтой 44 лифты. Хъæуы ма ноджы 50. Фæлæ йæ пайда кæныны æмгъуыд кæмæн фæцис, ахæм лифтыты нымæц у 160-мæ хæстæг. Се 'хсæн Московская уынджы хæдзары лифт дæр. Уыдон ивд æрцæудзысты 15-æм февралы 2025-æм азы онг.

Иконка канала IRYSTONTV
1 465 подписчиков
12+
14 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии