Дзæуджыхъæуы ацыд дæсныйадæвдисæн ахуыртæ ирон чъиритæ кæнынæй

Цæгат Ирыстоны исынц ирхæфсæн-зонадон равдыст "Кавказаг адæмыхатты цæсгом". Проект зонгæ кæны Цæгат Кавказы культурæ, ӕгъдӕуттӕ æмæ традицитимæ. Архайынц дзы 16 регионы, алкæцыйы дæр сисдзысты дыгай æрмæджытæ. Фыццаджы ныхас цæудзæн бынæттон хъæутæ, æрдзы рæсугъддзинад, цардыуаг æмæ æгъдæуттыл. Дыккаг хайы архайджытæм æнхъæлмæ кæсынц дæсныйадæвдисæн ахуыртæ æмæ ерыстæ. Хæслæвæрдтæ сты алыхуызон: фыс æлвынын, суг сæттын, фæсивæд æхсыр фæрсудзын æмæ цыхт ахсын дæр сахуыр уыдзысты. Цæгат Ирыстоны та сын бацамондзысты чъиритæ кæнын: хъуамæ уа дзадджын, йæ хыссæ та — тæнæг. Хæслæвæрд сæххæст кæнынæн сын ратдзысты 40 минуты.

Иконка канала IRYSTONTV
1 504 подписчика
12+
24 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии