Тæссаг фæндаг
Гагкайты Алиханы номыл æмæ Весеннийы уынгтæ кæм баиу вæййынц, уым æмраст фæндаг бæргæ ис, фæлæ дзы цæмæдæр гæсгæ нæдæр светофор ис, нæдæр фæндаджы сæрты ахизыны бар цы фæндаггон нысæнттæ дæттынц, ахæмтæ. Уый шофырты дæр æмæ бынæттон цæрджыты дæр тынг тыхсын кæны. Æрмæст сæхи удтæн нæ тæрсынц, фæлæ ма сæ сабитæн дæр. Фæндагмæ хæстæг ис сывæллæтты рæвдауæндон æмæ скъола. Фарста алыг кæныны курдиатимæ бахатыдысты нæ горæты администрацимæ. Баххуыс сын кæндзысты, æви нæ? Æмæ сæ æнхъæлмæ кæсын цас бахъæудзæн? Уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Машинæтæ радыгай кæрæдзийы фæдыл згъорынц, цæст сыл куы ахæссай, уæд сын цыма кæрон дæр нæй.Уыдонимæ фистæгæй цæуджытæ дæр фæндаджы иу кæронæй иннæ кæронмæ хæдтулгæтæй удаистæй лидзынц. Гъе ахæм диссаджы нывтæ фенæн ис Гагкайы-фырты номыл æмæ Весенняяйы уынгтæ кæм баиу вæййынц, уым. Цæмæй бынæттон цæрджытæ фæндаджы сæрты ахизой, уый тыххæй сæ фылдæр хатт бахъæуы сæхиуыл дзуæрттæ бафтауын. Уый та уымæн æмæ ам æмбæлгæ ран нæй светофор, уæдæ фæндаджы сæрты ахизыны бар цы фæндаггон нысæнттæ дæттынц уыдонæй дæр ацы бынат у цух. Уымæ гæсгæ иннæ кæронмæ дзæбæхæй бахæццæ уыдзынæ, æви нæ, уый дызæрдыггаг у. Æрæджы ам раст цыма зæххы бынæй сырæзт, уыййау сæвзæрд ног микрорайон. Уымæ гæсгæ хæдтулгæты бæрц дæр дзæвгар фæфылдæр. Раздæр ам транспорты хуызтæ стæм хатт уыдис фенæн, уымæ гæсгæ зæгъæн ис æмæ дзы светофор дæр æмæ фæндаггон нысæнттæ дæр ницæмæн хъуыдысты. Фæлæ ныр та уавæр бынтон фендæрхуызон ис. Хъуыддаг тыхсын кæны куыд фистæгæй цæуджыты, афтæ шофырты дæр, уымæ гæсгæ уыдон бацагурынц алыхуызон мадзæлттæ, цæмæй ацы фæндагыл ма цæуой, фæлæ йæ иувæрсты. Æрчъегкаты Арсен: «Ацы фæндагыл арæх фæцæуын, фæлæ ацы фондзуæладзыгон хæдзар куы сарæзтой, уæд цæрджыты бæрц фæфылдæр ис, уымæ гæсгæ хæдтулгæтæн ауылты цæуын зындæр ссис. Бæхъæуы нæ фæндаджы иувæрсты ацæуын Дзусы-фырты номыд уынджы уылты, ууыл гыццыл рæстæг нæ бахардз кæнæм. Уый та æрмæст уый тыххæй æмæ цæмæй мæ фæндаг уа æдас, фылдæр хатт мæ бинонтимæ фæцæуын. Тæрсын сын». Нæ горæты администрацийы ацы фарстайæн сæ бон бæлвырд дзуапп раттын нæ бацис. Ам светофор æмæ фæндаггон нысæнттæ кæд фæзындзысты уый ничи зоны. Рагагъоммæ нысæнттæ сæ размæ не` вæрынц, фæлæ гæнæн ис æмæ ацы хъуыддаг 2019 азы пъланмæ бахæссдзысты. Уæдмæ та уал фистæгæй цæуджыты фæндаджы сæрты хизгæйæ хи æрмæст хæдтулгæтæй хъахъхъæнын нæ хъæудзæн,фæлæ ма гомæй цы люктæ аззадысты, уыдонæй дæр. Ныххауынæй дзы тæссаг у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Тæссаг фæндаг
Категория:
Новости и СМИ