Битарты Вячеслав фембæлд Францийы картофы куыст кæныны федерацийы минæвæрттимæ
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Францийы картофы мыггæгты куыст кæныны федерацийы сæрдаримæ. Ныхас кодтой хъæууон хæдзарады картоф пархат кæныны фарстатыл. Уый уыд картофы быдыры æппæтуæрæсеон боны фæлгæты. Фембæлды ма архайдтой Хицауады сæрдары хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег, Фрацийы картофы куыст кæныны федедрацийы минæвæрттæ æмæ æндæр бæрнон кусджытæ. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, Швейцарийы куыстуаты фæрцы нæ республикæ ныртæккæ картофы тыллæг парахат кæны куыд Уæрæсейы, афтæ ма фæсарæнты дæр. Къабазы авналæнтæ фылдæр кæй кæнынц, уымæй Францийы минæвæрттæ разыйæ баззадысты. Сæргълæууæгæн загътой бузныг. Ныфс сæ ис, Цæгат Ирыстоны картофы мыггаг хæрзхъæддæр кæнынæн æмбæлгæ фадæттæ кæй аразынц, уый. Уæлдай дæр ацы бонты нæ республикæйы цы ахсджиаг мадзал цыд, уый – Картофы быдыры æппæтуæрæсеон бон 2019-æм зæгъгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав фембæлд Францийы картофы куыст кæныны федерацийы минæвæрттимæ
Категория:
Новости и СМИ