Хицауады хæдзары æрдзырдтой йе` нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн куыст ссарыныл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

11 просмотров

7 лет назад

Пенсион фонды бæрæггæнæнтæм гæсгæ 1 июнмæ, Цæгат Ирыстоны йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмы нымæц у 67 мины æмæ 5 сæдæ адæймаджы. Уыдонæй кусынхъом сты 24 мин адæймдажы. Кусгæ чи кæны, ахæмтæ та 5 мины. Цæмæй хъуыддаг йæ бынатæй фезмæла, уый тыххæй ныхас кодтой куыст дæттыны комитеты координацион æмбырды. Сæрдариуæг дзы кодта Республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ. Куыстдæттыны комитеты разамонæг Платы Альбинæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы азы фыццаг æмбис сæм курдиæттæ балæвæрдтой 682 инвалид адæймаджы. Уыдонæй рæстæгмæ куыст ссардой 40-æн, 5 адæймагæн та дæргъвæтин рæстæгмæйы. Республикæйы паддзахадон программæммæйы фæлгæты куыстдæттыны комитет архайы сæрмагонд бадзырдмæ гæсгæ. Æххæстгонд дзы цæуынц æппæт домæнтæ. Уыимæ ма инвалидты сæ куысты бынатмæ æмæ фæстæмæ кæныны фæтк дæр. йе нæниздзинад хъыгдар кæмæн у, ахæм адæймаджы организаци йæхимæ куы райса, уæд ын паддзахад йæ хæрдзты иу хай сæхгæндзæн. Нырма уал ахæм куыстуаттæ сты 25. Уымæй уæлдай ма куысты бынæттæ агурынц 14-азæй 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы адæмæн дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хицауады хæдзары æрдзырдтой йе` нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн куыст ссарыныл

Категория:

Новости и СМИ