Паддзахадон Думæйы нысан кæнынц ног закъоныпроекттыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

52 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

52 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

52 просмотра

7 лет назад

Ныр та радзурæм, Паддзахадон Думæйы цавæр ног закъоныпроекттыл ныхас кæнынц, уыдоны тыххæй. Расидт адæммæ, уголовон æгъдауæй дзуапп дæттыны кар фæкъаддæр кæнын. Ам ныхас цæуы æнахъом сывæллæтты тыххæй. Зæгъæм, цæрæгойтимæ хи дарыны фæтк кæд æххæстгонд нæ цæудзæн, уæд закъонхалæгыл стæрхон кæнын уыдзæн, кæд ыл 16 азæй фылдæр цæуа, уæд. Ныр ма уал æнахъом сывæллæттæ 14 азæй 16 азы онг уголовон æгъдауæй дзуапп нæ дæттынц, зæгъынц закъоны проекты аразджытæ. Фæлæ проекты нысан уый мидæг нæй, æмæ æнæмæнг æнахъом сывæллоны ахæстонмæ æрвитын. Æхсæнадæн зианхæссæг хъуыддæгтæ фæкъаддæр кæнынæн пайдайаг уыдзæн 14-аздзыдæн бацамонын барадон домæнтæ æмæ хæстæ, цæмæй бамбара удæгас цæрæгойты тухæн кæнын раст кæй нæу. Уыимæ йæ хъуамæ зона, цыфæнды хуызы фыдракæны фæстæ дæр дзуапп дæттын кæй хъæуы, уый. Ныхас ма цыд æнæпилотон аппараттыл дæр. Официалон бæрæггæнæнæтæм гæсгæ, Уæрæсейы фарон ахæм апараттæ балхæдтой 160 мины. Депутаттæ цы закъоныл схъæлæс кодтой, уымæ гæсгæ ахæм апараттæ хъуамæ тæхой, цы арæнты сæрты сын ис тæхыны бар, уым. Ног бартæ фæзындзæн Мидхъуыддæгты Министрад, Уæрæсейы Гварди, Федералон Æдасдзинады, хъахъхъæнынады æмæ æддаг арæнты сгарæн службæты кусджытæн. Афтæ сæ бон уыдзæн уыцы апаратты тæхæн троектори ивын, сæхи сын нæ бахъыгдаргæйæ. Кæд æмæ уыцы кусæнгарз исты тæссаг уа адæмæн æмæ паддзахадон куыстуæттæн, уæд æй барады кусджытæн сæ бон уыдзæн сбадын кæнын, кæнæ та йæ бынтон фесафын. Адæмы æнæниздзинадыл дарддæр хъуыды кæнынц нæ бæстæйы Æнæниздзинады министрады дæр.Гæнæн ис æмæ электрон тамакотыл фæзына акциз, ома налог. Фæсивæды ’хсæн ныридæгæн сты хъуыстгонд æмæ сæ пайда кæнынц бирæтæ. Фæлæ медицинон кусджытæм ацы хъуыдадджы фæдыл сæвзæрд бирæ фарстатæ. Ахæм электрон тамако, хуымæтæг тамакоимæ абаргæйæ, иухуызон знаггад хæссы, адæймаджы алыварс чи лæууы, уыдонæн. Ацы фарстатыл закъоныпроект бакусдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Паддзахадон Думæйы нысан кæнынц ног закъоныпроекттыл

Категория:

Новости и СМИ