Мызуры скъолайы ахуырдзаутæн ног цымыдисаг зонындзинæдтæ бацамыдтой нæ республикæйы амалхъом адæм
Мызуры скъолайы ахуырдзаутæн ног цымыдисаг зонындзинæдтæ бацамыдтой нæ республикæйы амалхъом адæм. Хосроты Руслан, Гаглойты Азæмæт æмæ Мызуры скъолайы рауагъдон Елойты Азæмæт ахуырдзаутæн радзырдтой нырыккон информацион технологиты, соцалон хызæгты æмæ мобилон уæлæфтуанты тыххæй бæлвырддæр. Уымæй уæлдай ма сывæллæттæн нæ бавгъау кодтой сæ фæлтæрддзинады сусæгдзинæдтæ дæр. Лæппутæ сæхæдæг сты амалхъом адæм. Алчидæр сæ у цавæрдæр куыстыл хæст, уыимæ ма архайынц нæ республикæйы æхсæндон царды. Хосроты Руслан æмæ Гаглойты Азæмæт уымæй размæ дæр иу æмæ дыууæ скъолайы нæ бабæрæг кодтой. Фæнды сæ, цæмæй скъолайы рауагъдонтæн æнцондæр уа фидæны сæ дæсныйад равзарын. Æмæ уыимæ сæхи райгуырæн бынаты цавæрдæр куыстуат саразын, æмæ уым фæллой кæнын. Ахæм фембæлдты фæрцы нæ республикæйы скъоладзаутæ зонгæ кæндзысты амалхъом адæмы цардимæ. Хуыздæр æмбардзысты куыстуаты рацарæзтæн йæ пълан æмæ йæ фæтк. Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министрады куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ахæм æмгуыстад пайда у, куыд скъоладзаутæн, афтæ амалхъом адæмæн дæр. Гагиты Аланæ, Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы сывæллæтты социалон хъахъхъæнынады управленийы разамонæг: «Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы курдиатмæ гæсгæ, хъуамæ нæ республикæйы æнтыстджынæй куса сæрмагонд программæ. Уый руаджы, хъуамæ, амалхъом адæмæй ахуыргæнæндæттæн æххуыс кæнын кæй фæнды, уыдон сæ хæсыл банымайой скъоладзаутимæ бæстон куыст кæнын. Ома, сын сæ зонындзинæдтæй фæхай кæнын. Нæ республикæйы экономикон райрæзты министрадимæ æмгуыст кæнгæйæ, æвзæрст æрцыдысты ахæм амалхъом адæм. Уыдонмæ гæсгæ ныр ахуыр кæндзысты скъоладзаутæ». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мызуры скъолайы ахуырдзаутæн ног цымыдисаг зонындзинæдтæ бацамыдтой нæ республикæйы амалхъом адæм
Категория:
Новости и СМИ