Рынчын уæвыны фæтк Уæрæсейы ивынц
Рынчын уæвыны фæтк Уæрæсейы ивынц. Декреты, рынчыны сыфтæ, кæнæ улæфынмæ чи цæуы уыдоны фиддонтæ 2021-æм азæй æххæст кæндзæн Социалон фæдзæхстады фонд. Уымæ гæсгæ куыстдæттæг компанитæ компенсацитæ фидыны хæсæй суæгъд уыдзысты. Уæрæсейы хицауады закъоныпроектимæ сразы сты парти Иугонд Уæрæсе æмæ Думæйы æндæр фракциты минæвæрттæ. Паддзахадон Думæмæ документ бахæсдзысты декабры. Йæ сæйраг хæс у, нæ бæстæйы цæрджытæ æнæмæнг фæдзæхстады фиддонтæ æнæ къуылымпытæй куыд исой, уый. Профцæдисты сæрдар Михаил Шмаков уыцы хъæппæрис нымайы æгæр развæлгъау. «Уæрæсейы Федерацийы законы хицæн акттæм æнæмæнг социалон хъахъхъæды тыххæй ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» законыпроектыл бакусдзысты фæллойы министрады. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Рынчын уæвыны фæтк Уæрæсейы ивынц
Категория:
Новости и СМИ