Хицауад сфидар кодта бæстæйы фармацевтон кондады райрæзты стратеги 2030-æм азы онг
Хицауад сфидар кодта бæстæйы фармацевтон кондады райрæзты стратеги 2030-æм азы онг
Хицауад сфидар кодта фармацевтон кондады райрæзты стратеги 2030-æм азы онг. Уый руажды фæпарахатдæр уыдзæн хæрзхъæд, ахадгæ æмæ æдас хостæ уадзыны куыст, стæй сæ æнцонæй балхæнæн уыдзæн адæмæн. Афтæмæй, бæстæйы хостæй æххæст кæныны фарста нывылгонд æрцæудзæн. Стратеги æххæст кæндзысты 9 сæйраг домæны хынцгæйæ - хосты куыст чи кæны, уыцы куыстуæтты архайд æмæ экспортæн æххуыс кæнын, наукон, технологон æмæ кондады куысджыты цæттæ кæнын, административон цæлхдуртæ иуварс кæнын, ног технологитæй куысты пайда кæнын. Фармацевтон кондад фæфидардæр кæныны тыххæй хъæуы, ныридæгæн цы хостæ уадзынц, уыдоны бæрц фылдæр кæнын, стæй ног препараттæ уадзын райдайын. Уымæн та хъæуы æмбæлгæ инвестицион уавæртæ аразын. Æнæмæнг у фармацевтон куыстуæтты экспортыл архайын, загъта Михаил Мишустин.