Дзæуджыхъæуы уыд хъазахъхъæгты хъуыддæгты фæдыл президенты цур Советы къамисы æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 лет назад

Цæгат Ирыстоны хъазахъхъæгты хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы президенты цур арæзт Советы къамисы æмбырды архайдта регионы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Фембæлды дзырдтой хъазахъхъæгтимæ æмгуыстады фарстатыл. Сæрмагондæй ныхас кодтой хъазахъхъæгты æхсæнады фидæн æмæ рæзтыл. Фыццаджыдæр мадзалы архайджытæ æрымысыдысты ЦИПУ-йы студенттæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдоны нæмттæ. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло инæлар майор Сергей Побирохинимæ æнусон арты цур сæвæрдтой дидинджытæ. Æмбырды æрдзырдтой кадрон политикæйы куыстыл хъазахъхъæгтимæ, æфсæддон службæмæ сæ сразæнгард кæныныл. Уæлдай æргом аздæхтой æфсæддон-патриотон, уыимæ фæсивæды рæстуд хъомыладмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм Уæрæсейы президент сфидар кодта хъазахъхъæгты æхсæнады рæзты стратеги. Сергей Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ, къамисы уæнгтæ хъуамæ иумайагæй программæйы рæзтыл бакусой. Инæлар-майор Сергей Побирохин президенты стратегийы фæлгæты, хъахъхъæнынады министрад æмæ хъазахъхъаг æхсæнадимæ кусы ууыл, цæмæй гæрзифтонг тыхты фылдæр хъазахъхъæгтæ уа. Ис дæлхайæдтæ, кæцыты хъазахъхъæгтæ службæ хæссынц куыд хуымæтæг, афтæ контракт бафысгæйæ дæр. Ноджы ма 2022 азæй ЦИПУ-йы бындурыл æфсæддон ахуырадон центры цæттæ кæндзысты афицерты. Сергей Меняйло арфæ ракодта хъахъхъæнынады министрадæн ахæм бæрнон хæсы фæдыл. Регионы разамонæг фæнысан кодта, Цæгат Ирыстоны мобилизацион ресурсы нымæц æмæ йæ хæрзхъæддзинад уый руаджы фæхуыздæр уыдзæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv