Цъыккаты Владимиры хъуыддагмæ кæсыны бон аргъæвтой 17-æм декабрмæ
Раздæры 10 пъæлицæйаджы æрлæудзысты азымджыны хуызы Дзæуджыхъæуы Ленинон тæрхондоны. Абон хъуамæ райдыдтаиккой кæсын Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддагмæ. Фæлæ азымджынтæй сæ иуæн йæ адвокат тæрхондонмæ кæй нæ фæзынд, уымæ гæсгæ æмбырд аргъæвтой 17 декабрмæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ тæрхондонмæ балæвæрдтой уголовон хъуыддаджы 85 томы. Азымджынты цæстмæ дарынц, сæ куысты фадæттæй æгæр кæй спайда кодтой æмæ тыхæй кæй архайдтой, уый. Барвæндонæй æнæниздзинадæн знаггад раххæсыны аххосæй адæймаг кæй амард, уымæй дæр сæ хонынц аххосджын. Уæ зæрдыл уын æй æрлæууын кæндзыстæм, 39-аздзыд Цъыккаты Владимир Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы хайадмæ бахауд 2015-æм азы 31 октябры. Уырдыгæй æнæнизæй нал раздæхт. 1-æм ноябры æхсæвы Цъыккаты Владимиры уадзыгæй рынчындонмæ аластой, райсомæй та, йæхимæ не `рцыд, афтæмæй фæзиан. Уголовон хъуыддаг тæрхондоны бар бацис, хабарыл æртæ азы куы рацыд, æрмæстдæр уæд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цъыккаты Владимиры хъуыддагмæ кæсыны бон аргъæвтой 17-æм декабрмæ
Категория:
Новости и СМИ