Цæстфæлдахджыты ныхмæ егъау мадзæлтты архайынц Мидхъуыддæгты министрады æхсæнадон советы минæвæрттæ
Цæгат Ирыстоны цæстфæлдахджыты ныхмæ егъау мадзæлтты архайынц Мидхъуыддæгты министрады æхсæнадон советы минæвæрттæ. Палицæйæгтимæ иумæйагæй бацархайдтой Дзæуджыхъæуы ахуыргæнæндæттæй иуы. Пъæлицæйæгтæ ахуыргæнджытæ æмæ студенттимæ æрдзырдтой цæстфæлдахджыты гæды миты тыххæй. Мадзалы сæйраг нысан - фæссауонмæ цы цæстфæлдахджытæ архайынц, уыдонæй цæрджыты бахъахъхъæнын. Мидхъуыддæгты министрады æхсæнадон советы уæнгтæ ахуырдзаутæн бацæттæ кодтой сæрмагонд доклад. Уым фæнысан кодтой статистикæйы бæрæггæнæнтæ. Æхсæнады уæнгтæ радзырдтой, цæстфæлдахджытæ цавæр ногдзинæдтæй пайда кæнынц сæ фыдракæндты, уый тыххæй. Доклад студенттæн рауад цымыдисаг. Уыимæ ма сын цы информаци радзырдтой, уый у ахсджиаг. Мадзалы кæронбæттæн студенттæн радтой информацион сыфтæ. Иу хатт ма сын сæ зæрдыл æрлæууын кодтой, хи куыд бахъахъхъæнын хъæуы, уый. Цæмæй банчы картæйы номыртæ ма хъусын кæной æнæзонгæ адæмæн. Хабары тыххæй сбæрæг кæнын банчы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæстфæлдахджыты ныхмæ егъау мадзæлтты архайынц Мидхъуыддæгты министрады æхсæнадон советы минæвæрттæ
Категория:
Новости и СМИ