Къостайы номыл премитыл æрдзырдтой
Хетæгкаты Къостайы номыл преми райсынмæ бадæттæн уыдзæн, æндæр паддзахадон конкурсты чи нæ архайдта, æрмæст ахæм уацмыстæ. Уый тыххæй къамисы `мбырды фехъусын кодта Фадзайты Æхсарбег. Кандидатурæтæ равзарыны бар та радтой аивадон цæдистæн. Фæлæ æмбырды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, кæронбæттæн уынаффæмæ нырма дард у. Кандидатурæтæ бадæттыны бар ма хъуамæ уа æххæстгæнæн оргæнтæм, æхсæнадон организацитæ æмæ аивадон къордтæм. Киноисджыты цæдисы уæнгтæ та ракуырдтой, цæмæй преми райсыны конкурсмæ курдиаттæ бадæттыны `мгъуыд 10 июньмæ аргъæвой. Куыд зонут, афтæмæй Къостайы номыл премитæ хуыздæртæн саккаг кæнынц поэты райгуырæн боны —15 октябры. Йæ аразджытæ фæнд кæнынц преми æрвылазон скæнын. Ныртæккæ уал æй дæттынц 3 азы иу хатт. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Къостайы номыл премитыл æрдзырдтой
Категория:
Новости и СМИ