Патриотон хъомылад

2 тыс. подписчиков

12+
12+

62 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

62 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

62 просмотра

8 лет назад

Царды зын уавæрты чи бахауд, ахæм бинонты сывæллæтæн абон сарæзтой семинар. Йæ амидингæнджытæ сты Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ æмæ Æрæфы районы социалон лæггæдты центр. Æрбацæуджытимæ дзырдтой æфсæддон темæйыл. Бæлвырддæр дзургæйæ, сывæллæтты патриотон хъомылады фарстайыл. Мадзал уыди Мидхъуыддæгты министрады разамынды. Ахæм сæрмагонд ахуыртæ, æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ арæх саразынц. Ацы хат æй сбастой Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты 74 азы уæлахизы бонмæ. Акцийы архайджыты зæрдыл æрлæууын кодтой, нæ хæстон хъæбатырты æнтыстдзинæдтæ. Сæрмагондæй сæм æрбацыди Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты ветеран Нина Пикалева. Уый радзырдта хæсты рæстæджы цы зындзинæдтæ æййæфтой адæм, уый тыххæй. Сывæллæттæ йын балæвар кодтой зæрдылдарæн фыстæджытæ æмæ дидинджытæ. Семинары архайджытæ дæр æнæ лæвæрттæй нæ ацыдысты. Стæй сæ акодтой Хæстон Намысы бынæттæм. Экскурси райдыдта Барбашовы фæзы. Уыс сын радзырдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыр Петр Барбашовы хъайтардзинады тыххæй. Йæ цыртдзæвæныл акцийы архайджытæ сæвæрдтой дидинджытæ. Уый фæтæ та, сывæллæттæ абалц кодтой Гæздæнты 7 æфсымæрæн цы цыртдзæвæн ис, уымæ. Мадзалы кæронбæттæн арвыстой Уæлахизы парчы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Патриотон хъомылад

Категория:

Новости и СМИ