Æнæдон хъæу
Ацы тæвды кæсаг сурмæ раппарæгау фесты Михайловскæйы цæрджытæ. Социалон хызæгты адæм фыссынц, зæгъгæ, дам, хъæуы иуæй-иу рæтты ныр къуыри дон нæй. Адæм зилынц сыхаг хъæутыл дондзау. Куыд рабæрæг, афтæмæй басыгъд хъæуы донцъирæнтæй иу, цæмæй йæ ногæй раивой, уымæн та 3 милуан сомы хъæуы. Мæстджын - дзураг, хуымæтæджы нæ фæзæгъынц. Адæм афтæ стыхстысты, æмæ сæ маст уыцы социалон хызæгтæй акалд. Фæлæ дзы бынæттон администрацийы сæргълæууæджы ныхæстыл æнцайгæйæ иуæй-иутæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй райсом, 3-æм июны уавæр хъуамæ фæхуыздæр уа. Донцъирæн, дам баивдзысты æмæ уæд дон - хæрх. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æнæдон хъæу
Категория:
Новости и СМИ