Миграцийы хъуыддæгты фæдыл хайад бæрæг кæны йæ 300 азы
Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады миграцийы хъуыддæгты фæдыл хайад бæрæг кæны йæ æртæ сæдæ азы. Уыцы кадджын бæрæгбонмæ Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрад бæстонæй цæттæ кæнынц. Фæсарæйнаг гражданинты Уæрæсейы нысан кæнын райдыдтой ивгъуыд æнусы. Нырыккон дуджы Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады, миграцийы хъуыддæгты фæдыл хайады кусджытæ æнтыстджынæй паддзахадон лæггад кæнынц. Æрæджы Цæгат Ирыстоны миграцийы хъуыддæгты фæдыл фæзынд ног бирæвæрсыг центр. Кадджын уавæры йæ байгом кодта Мидхъуыддæгтты министр Михаил Скоков. Чъерджиаты Артур, РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады миграцийы хъуыддæгты фæдыл управленийы разамонæг: «Ног центры фæзынд сæйраг аппарат. Уымæй уæлдай ма управленийы 4 дæлхайады. Кæд горæты астæу нæй нæ центр, стæй, гæнæн ис, æмæ цæрджытæ къыуылымпыдзинад ’ййафдзысты, уæддæр ацы ног бæстыхайы ис нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм кусæнгæрзтæ. Районты дæр ис бирæфæрсыг центры дæлхайадтæ. Уым дæр цæрджытæн сæ хъуыддæгты тыххæй лæггад кæнынц». Уымæй уæлдай ма, Мидхъуыддæгты министрады разамынды хъæппæрисæй республикæйы районты аразынц оперативон-профилактикон мадзæлттæ. Сæ сæйраг нысан - æнæзакъонæй нæ республикæйы цы фæсарæйнаг гражданинтæ ис, уыдоны раиртасын. Уыимæ ма æнæ хъæугæ гæххæтытæй, чи кусы уыдоны дæр. Миграцийы хъуыддæгты фæдыл управленийы дыууæ азы размæ фæзынд ветеранты организаци. Йæ сæйраг нысан - мидхъуыддæгты министрады раздæры кусджытæн æххуыс кæнын, уыимæ ма материалон æгъдауæй дæр. Бæрæгбоны кадæн Æрыдоны районы мидхъуыддæгты министрады профилон хайады кусджытæ ахæм æххуыс ракодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранæн. Æрыдоны районы пъæлицæйы хайады хицау Цæхойты Эдуарды номæй 93-аздзыд Артаваз Нигосянæн балæвар кодтой паспорт. Уый райгуырд Арменийы. 17 азы йыл куы цыд, уæд æм фæсидтысты Сырх æфсадмæ. Службæ кодта Белоруссийы. Фæстæдæр æй арвыстой Польшæмæ. Уым кад æмæ намысимæ рад хаста йæ райгуырæн бæстæйæн. Уым æй æррæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр Хæст дæр. 1947-æм азы нæлгоймаг ссыд Цæгат Ирыстонмæ. Ам фембæлд йæ фидæны бинойнагимæ. Сæ хъысмæт афтæ рауад æмæ афтыдысты Абхазмæ, цæрынмæ. Ныртæккæ Артаваз Нигосян цæры Цæгат Ирыстоны, Æрыдоны районы. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран ис Дыгуры районы сæйраг рынчындоны. Пъæлицæйы майор Гæуысты Фатимæ ветеранæн загъта стыр бузныг Фыдыбæстæйы стыр хæсты йæ хъæбатырдзинады тыххæй. Чъерджиаты Артур, РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады миграцийы хъуыддæгты фæдыл управленийы разамонæг: «Бæрæгбоны агъоммæ мæ арфæ ракæнын фæнды ме ’мкусджытæн. Мæ зæрдæ сын зæгъы æнæниздзинад. Сæйрагдæр та цы бæрнон хæс сыл æвæрд ис, уый æнтыстджынæй куыд æххæст кæной. Цæрджытæ сæ разы куыд уой». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Миграцийы хъуыддæгты фæдыл хайад бæрæг кæны йæ 300 азы
Категория:
Новости и СМИ