Æлбегаты Риммæ архайы, цæмæй, нæ фыдæлтæй цы хæрингтæ баззад, уыдон рохуаты ма зайой

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

Йæ армӕй бӕркад кӕмӕн цæуы, ирон сылгоймаджы кад бæрзонд чи хæссы, ахӕм сылгоймаг цӕры Беслæны. Æлбегаты Риммæмæ йæ цæхх ӕмӕ кæрдзынæй искæмæн фæхай кæнынæй хуыздæр ницы кæсы. Архайы, цæмæй нæм, нæ фыдæлтæй цы æгъдæуттæ, цы хæринæгтæ баззад, уыдон рох ма кæной. Хиконд хӕрзад къӕбӕрӕй хъæубæсты цæрджытæй дæр æмæ ӕддагонтӕй дӕр чи нӕ бахордта, ахӕмтæй стӕмтӕ разындзæн. Æлбегаты Риммæ у сылгоймаджы ахсджиагдæр миниуджытæй æххæст — цæстуарзон æмæ зæрдæхæлар. Кӕм кусы, уыцы къӕбицы рæзты сæ фæндаг бирæтæ ракæнынц, цӕмӕй та йæ конд хæринагæй саходой. Сӕйрагдӕр та — йӕ уӕздан мидбылхудт ӕмӕ фӕлмӕн ныхасӕй сæ зæрдæтæ барухс уой. Абон Риммæ кæны фыдджынтæ æмæ уæлибæхтæ. Дарддæр хъæуы сбарын цыхт æмæ фыдджинаг. Алы лыстæгдзинадмæ дæр æфсин лæмбынæг кæсы, фæлæ куыд зæгъы, афтæмæй сæйрагдæр у, цæмæй дæ конд хойраджы дæ уды хъарм бавæрай. Риммæ дзулфыцæджы дæсныйадыл нæ ахуыр кодта, куыста типографийы. Йæ къай та — Мидхъуыддæгты минитстрады институты. Фæлæ пенсимæ куы рацыдысты, уæд хъуыды кæнын райдыдтой ног æфтиæгтæ самал кæныныл. Риммæ куыд зæгъы, афтæмæй къæбæр кæнынмæ та æппæтæй хуыздæр арæхст. Афтæ 8 азы размæ Æлбегатæ байгом кодтой къæбæргæнæн къæбиц. Риммæйы фарсмæ кæддæриддæр лæууы йæ къай Сослан. Йæхицæн хæстæ дæр снысан кодта. Чъиритæй уæлдай ма Риммæ кæны сойыфыхтæ дæр. Раздæр сæ фенæн уыд алы ирон фынгыл дæр. Хордтой сæ цыхтимæ, цæхджынтимæ, дзидзаимæ. Алы æфсинмæ дæр йæхи сусæгдзинæдтæ уыдис. Адæм сойыфыхтæ ныр дæр арæх бацагурынц, зæгъгæ, зæгъы Риммæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæ хыссæ æмæ се 'нхъизæн дæр вæййынц æндæрхуызон. Афтæмæй Риммæ пецæй райсы хæмпус æмæ хæрзад сойыфыхтæ. Йæ фæлтæрддзинадæй æдзух фæхай кæны кæстæртæн. Суанг ма йæм Мæскуыйæ дæр æрбацæуынц ахуыр кæнынмæ. Афтæмæй, Æлбегаты Риммæйы фæрцы, ирон чъиритæ æмæ сойыфыхтæ кæнын чи зоны, уыцы сылгоймæгты нымæц фылдæр кæны. Дзæдзойты Фатимæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv