Хуымарты Азæмæт æнтыстджынæй архайы футболæй
Нæ дарддæры æрмæджы хъайтармӕ ис бæллиц. Фæнды йæ номдзыд футболист суæвын. Зæгъæн ис, ӕмӕ йӕм уæндон къахдзæфтæй цæуы. Хуымарты Азæмæтыл цæуы 9 азы. Цалдæр азы дæргъы архайы йæ спортивон арæхстдзинадыл. Ерысты æрыгон спортмены банымадтой хуыздæрыл. Йе 'нтыстдзинæдтæ æмæ фидæнмæ фæндты тыххæй радзырдта не сфæлдыстадон къордæн. Хуымарты Азæмæт футболæй хъазы 4 азæй фылдæр. Кæд лæппуйыл нырма 9 азы цæуы, уæддæр ныридæгæн йæ къухы спортивон æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Ис йæм сызгъæрин майдан, ерысты йæ банымадтой хуыздæр размæбырсæгыл. Пурти фыццаг хатт куы федта, уæдæй абонмæ æнæ спортæй Азæмæт йæ цард нал уыны. Æрвылбон Азæмæт кусы йæ арæхстдзинадыл. Фыццаг – скъолайы, стæй уæд футболон фæзы. Командæ «Боруссия»-имæ лæппу тренировкæтæ кæны къуыри 7 боны. Уæдæ скъолайы дæр хорз ахуыр кæны. Æвæллайгæйæ архайы, цӕмӕй йæ бæллиц йæ къухы бафта. Фæнды йæ футболы стыр бæрзæндтæм схизын. Азæмæтæн футбол сси йа царды нысан. 9 азмæ æрыгон спортсмен йӕхи гӕнӕнты сӕрты ахызт – ӕнӕрлӕугӕйӕ пурти къахӕй 600 хатты сысхойы. Лӕппу спортивон æнтыстдзинæдтæм кæй тырны, уый æхсызгон у йæ фыдæн дæр. Æппынæдзух Азæмæтæн æххуыс кæны, алы тренировкæ æмæ ерыстæм дæр цæуы йемæ. Дызæрдыг нæ кæны, йæ бæллиц йæ къухы кæй бафтдзæн. Йæ спортивон æнтыстдзинæдты тыххæй Хуымарты Азæмæт фыссы социалон хызæгты дæр. Йӕ интернет-сыфыл цы ӕрмӕг равӕры, уымӕ ӕнхъӕлмӕ фӕкӕсынц мин адӕймагӕй фылдӕр. Азæмæт куыд зæгъы, афтæмæй канд спортивон арæхстдзинадыл кусын нæ хъæуы. Хъуамæ де 'мгæрттæн дӕр уай дæнцæг. Ныр та уал дарддæр уæндон къахдзæфтæй цæуы йæ бæллицмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv