Лæвар - чырыстæттæн
Дзæуджыхъæумæ æрбаластой Авдфатон Мадымайрæмы дзуары ныв. Аргъуыд ныв республикæмæ сæмбæлд Мæскуыйæ. Куыддæр дзуары ныв аэропорты фæзынд, афтæ йæм уырнæг адæм сæхи балвæстой. Фæндыд сæ дзуары нывыл аныдзæвын æмæ йыл хи бафæдзæхсын. Дзуары ныв нылластой Беслæны фыццаг скъоламæ, уым сарæзтой номарæн аргъуыд. Мадымайрæмы хуыз айхъуыстис æгас Уæрæсейыл 20 азы размæ, Мæскуыйы фатертæй иуы лæдæрсын куы райдыдта, уæд. Уæлдай тынгдæр йæ сыгъдæг миниуджытæ дзуары ныв равдыста дунейы уæззау фыдбылызты рæстæг – Курскы нау аныгъуылды, Нью-Йоркы арвылæмбæлæг бæстыхæйтты срæмыгъды æмæ 2004-æм азы Беслæны цауты фæстæ. 5 бонмæ дзуары ныв бахæсдзысты Дзæуджыхъæуы 5 аргъуаны. Райсом æй бахæццæ кæндзысты Георгий Уæлахизхæссæджы аргъуанмæ. 12-æм сентябры – Ирон аргъуанмæ, 13 сентябры та – Сыгъдæг Мадымайрæмы аргъуанмæ. Фæлладуадзæн бонты реликвимæ баныдзæвыны фадат фæзындзæн Хуссар Ирыстоны цæрджытæн дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Лæвар - чырыстæттæн
Категория:
Новости и СМИ