Тускъаты Таймураз амыдта РЦИ-Аланийы парламенты 17-æм æмбырд

Рагагъоммæ уал фæкæсджыты хуызы кӕй ссардтой сидзæр сывæллæтæн, уыдонæн фиддонтæ дæттын райдайдзысты. Республикон закъоны проектмæ цы ивддзинæдтæ бахастой, уыдоны фарс фыццæгæм æркасты рахæцыдысты Цæгат Ирыстоны парламенты 17-æм æмбырды. Амыдта йæ Тускъаты Таймураз. Абон сидзæр сывæллæттӕ хæссынӕн фиддоны бæрц у 12 мины 818 сомы. Исынц æй 617 сывæллоны. Ацы аз та ма рабæрæг кодтой 95 сидзæр æмæ æвæгæсæг сывæллоны. Уыдонæй уал 34-æн рагагъоммæ фæкаст ис. Æмбырды ма ныхас кодтой æвæгæсæг сывæллæттæн æндæр æххуысы гæнæнты тыххæй дæр. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæй сидзæрæй чи баззад, уыдонæн фыццаджыдæр цæрæн бынæттæ радих кæныны фарстайыл дæр æрлæууыдысты. Республикон закъонмæ уый фæдыл ивддзинæдты фарс депутаттæ рахæцыдысты.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
49 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии