Бындурон цалцӕджы регионалон программӕ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

9 лет назад

Дзӕуджыхъӕуы дарддӕр кусы бындурон цалцӕджы регионалон программӕ. Уымӕ гӕсгӕ фыццаджыдӕр зилынц, ӕвзӕрдӕр уавӕры цы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕ сты, уыдонмӕ. Арӕхдӕр цалцæггæнинаг вӕййынц цартӕ ӕмӕ хæтæлтæ. Цалцӕггонд хӕдзары цӕрын кӕд алкæйдæр фæнды, уӕддӕр ын адӕм нæ фидынц. Цæгат Ирыстоны программӕ куыд æххæстгонд цæуы, уый тыххæй бӕлвырддӕр радзурдзæн нӕ уацхӕссӕг Гӕззаты Заринӕ. Хӕдзары сӕртæ æмæ инженерон коммуникацитӕ баивын, стæй йын йе ӕддаг бакаст сног кӕнын. Тагъд рӕстӕджы Мӕскуыйаг уынджы 15-æм хӕдзар фендӕрхуызон уыдзӕн,зӕрдӕ ӕвӕрынц кусджытӕ.  Бӕстыхайыл 50 азæй фылдæр цæуы, фæлæ уыцы рæстæгмæ бындурон цалцӕггонд иунæг хатт дæр нæ уыд. Диакъонты Сергей: «Ацы хӕдзары цӕрын 80-ӕм азтӕй нырмӕ.Тынг ӕхсызгон мын у  цалцӕггӕнӕн куыстытӕ махмӕ дӕр кӕй райдыдтой,уый.Бирӕ цыдӕртӕ дзы скӕнын хъӕуы, хӕдзары сӕрӕй пъадвалы онг.Бацӕуӕнтӕм дæр.Кусджытӕ ныртӕккӕ куыд архайынц,афтӕ дарддӕр дӕр куы кусой,уӕд нӕ хӕдзар тагъд срӕвдз уыдзӕн ӕмӕ ма нын бирӕ фӕлӕуудзӕн». Хӕдзары сӕр цалцӕггӕнӕн куыстытӕ райдыдтой.Ивд ӕрцӕудзӕни ӕвзӕр боныхъӕдӕн чи бафӕраза ахӕмыл.Аразджытӕ куыд зӕгъынц,афтӕмӕй бындурон цалцӕггӕнӕн куыстытӕ фӕуыдзысты ног азмӕ. Сохъуырты Альберт – цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр: «Аразджытӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кусынц. «Нӕ сӕйрагдӕр хӕсыл нымайӕм хӕдзӕрттӕн сӕ сӕртӕ баивын.Уымӕн ӕмӕ сӕ фылдӕрæн сӕ цартӕ нал бӕззынц.Ихæн  стæй тыхджын дымгæйæн  нæ бафæразынц æмæ  тæдзын райдайынц. Бындурон цалцӕггӕнӕн куыстыты рад сбӕрӕг кӕнынц ӕртӕ сӕйраг домӕнмӕ гӕсгӕ: кæцы азы арæзт æрцыд, йæ уавæр æмæ фæстаг хатт бындурон цалцæггонд кæд уыд, уымæ гæсгæ.Фæлæ цæрджытæ афоныл æмæ куыд æмбæлы, афтæ  фиддонтæ кæй  нæ фидынц, уый программæ  тынг къуылымпы кæны». Программӕмӕ гӕсгӕ афӕдзы кӕронмӕ базилдзысты 118 хӕдзармӕ.Уыдоны ‘хсӕн сӕдӕ азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы ӕмӕ культурон бынтыл нымад чи ӕрцыд,ахӕм бӕстыхӕйттӕ.Сӕ иу Марковайы уынджы 85-æм хӕдзар .Цӕуы йыл 80 азӕй фылдӕр.Цӕмӕй йӕ архитектурӕ хӕлд ма 'рцӕуа,уый тыххӕй цалцӕггӕнӕн куыстытӕ цыдысты 4 мӕйы. Хъуылымбегты Æхсар – æнæххæстбарджын æхсæнад «Электросантехмонтаж»-ы сæргълæууæг: «Ацы хæдзар бæллиццаг уавæры нæ уыд. 34-æм азæй нырмæ йæм зылд нæ уыд,уымæ гæсгæ дзы æрæмбырд бирæ бырон. Æрмæст ацы хæдзарæй раластам бырон 60 машинæйы.Ныссыгъдæг кодтам хæдзары æддаг бакаст: куыд кæрты рдыгæй,афтæ уынджы рдыгæй дæр.Цæрджыты курдиатмæ гæсгæ ма скодтам бацæуæнтæ дæр». Бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты бындурон цӕлцӕджы регионалон программӕ ӕххӕстгонд цӕуы 2014 азӕй. Ахæсдзæн 24 азы. Уыцы рӕстӕгмӕ базилдзысты  2500 хӕдзары. Кæй фæнды, уыдонæн бæлвырд информаци сæ бон базонын у Бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты бындурон цӕлцӕггӕнӕн регионалон программӕйы официалон сайты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Бындурон цалцӕджы регионалон программӕ

Категория:

Новости и СМИ