Мӕздӕджы районы фӕзынд нырыккон сыгъдӕггӕнӕн арӕзтӕдтӕ
Ацы гыццыл сыгъдӕггӕнӕн арӕзтӕдты комплекс бахъуаджы рæстæг сыгъдæг донæй сифтонг кæндзæн æгас хъæу дæр. Йæ хъомыс у 200 кубометры суткæмæ. Сарæзтой йæ ногæй, ног бынаты. Раздæр иу чъизи дæттæ мæры ахъардтой. Ныр æнæэкологон фæрæзтæй нал пайда кæнынц. Уый «Цæгат Кавказы федералон зылды райрæзты» паддзахадон программæйы æххуысæй. Арæзтадæн рахай кодтой 53 милуан сомæй фылдæр. Балхæдтой хæрзхъæд, нырыккондæр ифтонггæрзтæ. Сыгъдӕггӕнӕн арӕзтӕдты комплексы ис технологон бæстыхай аппаратурæимæ, бырон æмбырдгæнæн æмæ трансформатор. Калинаг дон сыгъдæггæнæн куыст æнцон нæу. Фыццаг ссыгъдæг вæййы механикон æгъдауæй. Ацы къæпхæныл уал аиуварс кæнынц стыр æмæ хъæбæр æвзарæнтæ. Зæгъæм, гæххæтт, хæцъилы гæбæзтæ, целлофан. Æрмæст уый фæстæ ацæуы дон биологон сыгъдæггæнæнтæм, сты 18. Сæ фæрцы æппæт бактеритæ, вирустæ æмæ химион буаргъæдтæ нал вæййы доны. Дарддæр дон арвитынц лабораторимӕ. Уым сбæрæг вæййы, куыд æрцыд сыгъдæггонд, уый. Æрмæст уый фæстæ ацæуы хызæгтæм, уырдыгæй та арыхъмæ. Хъæууон хæдзарады кусджытæн дæр пайда. Объект саразын къухы бафтыд 3 мæймæ. Ныртæккæ кусынмæ цæттæ у. Æрмæст ма йæ хъæуы электрон тыхмæ баиу кæнын. Уымæн бахъæудзæн 10-12 боны.