Пожарскийы номыл уынджы 4-æм бирæфатерон хæдзар реставраци скæндзысты. Аивгонд цæуы бæстыхайы æддаг
Пожарскийы номыл уынджы 4-æм бирæфатерон хæдзар реставраци скæндзысты. Аивгонд цæуы бæстыхайы æддаг
Пожарскийы номыл уынджы 4-æм бирæфатерон хæдзар реставраци скæндзысты. Аивгонд цæуы бæстыхайы æддаг бакаст. Ныридæгæн уал кæрты къултæ ссыгъдæг кодтой. Ацы аз баивдзысты хæдзары сæр, сараздзысты проектон-хыгъдон гæххæттытæ. Цæрæн хæдзарæн ис культурон нысаниуæг. Реставраци йæ кæнынц бындурон цалцæджы цыбырæмгъуыдон регионалон программæмæ гæсгæ. Уый тыххæй рахай кодтой 18 млн сомы.